Хуссар Ирыстоны турниры фæбæрæг сты тыхджындæр богалтæ

© Пресс-служба Дзауского районаДзауы районы турнир
Дзауы районы турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзаутæ ссисты 12 лæппуйы Цхинвал, Къуаиса, Алагир æмæ Дзауæй

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир, спорты мастер, Советон цæдисы чемпион Сиукъаты Темойы номыл æрвылазон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй рабæрæг кодта тыхджындæр богалты æрыгæтты ʻхсæн. Турниры уæлахиздзаутæ ссисты 12 лæппуйы Цхинвал, Къуаиса, Алагир æмæ Дзауæй, фехъусын кодта Sputnik Дзауы районы администраци спорты хайады хистæр Джиоты Алик.

Ирон богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууæ цхинвайлаг богалы рамбылдтой Дыгуры турнир

Турнир æрæмбырд кодта 100 богалы Ирыстоны алы къуымтæй.

"Тохты бацыдысты авд командæйы уæнгтæ. Турниры архайдта Дзауы районы дыууæ командæ, иу нæм æрцыд Къуыдаргомæй, иу та Алагирæй. Аннæ æртæ уыдысты столицæйы Уæгъдибар хъæбысхæсты, Уæлдæр спортивон дæсныйады æмæ Спорты скъолатæй", — загъта тренер.

Джиоты Аликы ныхæстæм гæсгæ, турниры фыццаг бынæттæй иу ахаста алагираг лæппу Кортиаты Артур, аннæ 11 майданыл тохтæ рамбылдтой хуссарирыстойнаг богалтæ.

"Дыууæ къуайсайаг лæппуйы — Хуыгаты Руслан æмæ Тæболты Сæрмæт ссисты уæлахиздзаутæ. Сыгъзæрин майдан райста дзауаг лæппу Тедеты Баймæт, иууыл фылдæр фыццаг бынæттæ рамбылдтой столицæйы минæвæрттæ — Болататы Дзамболат, Гуыззыттаты Батрадз, Сидамонты Артур, Плиты Вадим, æмæ Джиоты Дмитрий", — ранымадта Джиоты Алик.

Ноджы ма æртæ фыццаг бынаты та рамбылдтой Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы богалтæ.

"Ӕз кусын Босыкты Вячеславимæ тренертæй, дæс лæппу акодтам, уыдонæй æртæ ссисты уæлахиздзаутæ — Къарджиаты Эльбрус, Багиаты Зауыр æмæ Дудайты Марик. Хъыгагæн нæм стæм хатт цæуы ерыстæ, ацы аз уый уыд нæ фыццаг турнир", — загъта сæ тренер Джыгкайты Роберт.

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского районаТурнир в Дзауском районе
Турнир в Дзауском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турнир в Дзауском районе

Ерыстæ цыдысты 28 сентябры Дзауы районы. Мадзал сорганизаци кодта районы администраци.

Ног хабӕртты лентӕ
0