Хуссар Иры президент материалон ӕххуыс бакодта рынчын лӕппуйӕн

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент материалон ӕххуыс бакодта рынчын лӕппуйӕн
Хуссар Иры президент материалон ӕххуыс бакодта рынчын лӕппуйӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарастаздзыд Джабиты Денисӕн аварийы фӕстӕ йӕ бон нӕдӕр йӕ къӕхтыл лӕууын у, нӕдӕр бырын, лӕппуйы бинонтӕн баххуыс кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сдзуапп кодта сывӕллонӕн адресон ӕххуыс бакӕныны куырдиатӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Фарастаздзыд Джабиты Денисы бинонтӕ бадзырдтой президентмӕ рынчын сывӕллонмӕ зилыны фӕдыл ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ балхӕныны тыххӕй.

© Пресс-служба президента РЮОФарастаздзыд Джабиты Денисӕн аварийы фӕстӕ йӕ бон нӕдӕр йӕ къӕхтыл лӕууын у, нӕдӕр бырын
Президент Анатолий Бибилов откликнулся на просьбу о помощи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фарастаздзыд Джабиты Денисӕн аварийы фӕстӕ йӕ бон нӕдӕр йӕ къӕхтыл лӕууын у, нӕдӕр бырын

Сывӕллоны хӕстӕг сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Денис уӕззау ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн райста рагъыстӕджы травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ сывӕллонӕн йӕ бон нӕу нӕдӕр цӕуын, нӕдӕр бырын.

"Ахӕм фӕстиуджытӕм ӕркодта рагъыстӕджы травмӕ. Германи ӕмӕ Мӕскуыйы хоскӕнынад нырма нӕ радта зынгӕ фӕстиуджытӕ. Денис иудадзыг вӕййы реабилитацийы Дзӕуджыхъӕуы", — загъта сылгоймаг.

Уый загъта бузныг республикӕйы президентӕн аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуысы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0