ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ рабӕрӕг кодтой Цхинвалы дуканийӕ ӕхцаты адавд, ацы фыдракӕнды фӕдыл ӕрцахстой горӕты цӕрӕг сылгоймаджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Дыццӕджы милицимӕ бадзырдта республикӕйы столицӕйы дуканитӕй иуы кусӕг.
"Уый фехъусын кодта, райсом ӕм дуканимӕ кӕй бахызт ӕбӕрӕг сылгоймаг, адавта кассӕйӕ 19 мин сомы ӕмӕ фӕтары ис цауы бынатӕй", — радзырдтой МХМ.
Криминалон милици ӕмӕ уголовон басгӕрсты кусджытӕ цалдӕр сахатмӕ сбӕрӕг кодтой фыдгӕнӕджы гоймагдзинад ӕмӕ йӕ бынат.
"Фыдгӕнӕг разынд Цхинвалы 45-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг. Зӕрдӕхсайгӕ сылгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл", — банысан кодтой МХМ.