Фыццаг ирон сериал "Рагон": тагъд рахиздзæн экранмæ

© instagram/quietmemoryofficialАивадон сериал "Рагон"
Аивадон сериал Рагон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывæфтыд фильмы æвдыст æрцæудзæн аланты цардуаг, культурæ, дин æмæ æрымысгæ тохтæ

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны нывæфтыд сериал "Рагон"-ы фыццаг серийыл куыст. Сфæлдыстадон баиугонд "QuietMemory" ныфс дæтты кинонывы трейлер æмæ фыццаг сери азы кæромæ рауадзын, фехъусын кодта Sputnik баиугонд "QuietMemory" æмæ проекты къухдариуæггæнæг Заур Гапиенко.

Нывæфтыд кинонывы æвдыст цæуы æвзонг лæппу Алан, кæцыйы бафæндыд рацæрын йæ рагфыдæлты цардæй. Лæппуйы бæллиц сæххæст кодта Уастырджы — Алан бахауд VII-X æнусты Аланимæ.

"Ацы рæстæг æвзæрст æрцыд уымæн æмæ уый тыххæй ис иууыл къаддæр информаци, уый хыгъд мын ис æнæкæрон авналæнтæ сюжет мысынæн. Фыццаг серийыл куыст ныридæгæн фæуд кæны, азы кæронмæ хъуамæ ацæуа трейлер æмæ фыццаг серийы презентаци. Кинонывыл архайы энтузиастты къорд, кæцытæ кусынц æнæаргъæй, цæмæй саразой бæрзонд æмвæзады кино", — загъта Заур Гапиенко.

Сериал "Рагон"-ыл куыст къуыхцы кæнынц къуындæг финансон фæрæзтæ. Фыццаг серийыл бахардз кодтой 70 мин сомы, уыдонæн се ʻмбисмæ æввахс сты сфæлдыстадон къорд "QuietMemory"-йы уæнгтæн сæхи фæрæзтæ.

© instagram/quietmemoryofficialАивадон сериал "Рагон"
Художественный сериал Рагон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аивадон сериал "Рагон"

"Хæрзгæнджыты фæрæзтæй сериал сисынæн æрæмбырд ис 39 мин сомы, аннæтæ баххæст кодтой сæхæдæг къорды уæнгтæ. Афтæмæй та æрмæст сæйраг хъайтары уæлæдарæс лæууы 170 мины. Дарæсы фарсты нын консультацитæ дæтты зонадон кусæг Цогойты Батрадз. Æз афтæ хъуыды кæнын, нæ куысты фыццаг хатдзæг адæм куы феной, уæд бирæтæ нæ бавгъау кæндзысты рахицæн кæнын фæрæзтæ сериалы исынæн", — бафтыдта уый.

Аразджыты фæндмæ гæсгæ фыццаг сезоны хъуамæ уа 9 серийы. Сериалы сюжетон хахх ахæссæн ис аивадон драмæмæ фэнтезийы элементтимæ, киноныв хъæзныг уыдзæн хъаматæ æмæ фæрæттæй тохы сценæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0