ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны юристтӕ сты уникалон интеллектуалон фӕрӕз, кӕцытӕ кадджынӕй ӕвдисынц сӕхи республикӕйы царды алы къабӕзты дӕр. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президенты арфӕйы Юристы боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц майрӕмбоны.
"Хуссар Ирыстоны юристтӕ биноныг кӕнынц рӕстдзинады хъуыдытӕ, афтӕ ма ӕмбӕстӕгты конституцион бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинӕдты ӕдасдзинад, аразынц алцыдӕр, цӕмӕй уагдӕттӕ ӕмӕ организацитӕ кусой ӕнтыстджын ӕмӕ эффективонӕй. Уӕлдай нысаниуӕг ис уӕ куыстӕн, кӕцы здӕхт у фыдракӕндтӕ ӕмӕ коррупцийы ныхмӕ тохмӕ, афтӕ ма фидар кӕнут Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадон бындуртӕ дӕр", — радӕтта президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Президент загъта бузныг юристтӕн "стыр профессионализм, намысджын ӕмӕ ӕууӕнкджын службӕйы тыххӕй".
"Мӕн уырны, сымах дарддӕр дӕр кӕй уыдзыстут объективон, ӕмӕ уӕ активон позици дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн здӕхт националон интерестӕм", — бахахх кодта президент.