Козаты Левы æстæм турнир футболæй хоны æрыгон командæты

© Sputnik / Алексей КовалевКозаты Лев
Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мини-футболæй ерыстæ цæудзысты 4-17 ноябры

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Козаты Левы номарæн турнир мини-футболæй сиды æрыгон командæтæм хайад райсынмæ. Ерысты стох кæныны бар ис горæты скъолаты æмæ районты командæтæн, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Ирыстоны хъайтар Козаты Левы номарæн турнир цæуы ныр 8 азы. Скъоладзауты хсæн хуыздæр командæ рабæрæг кæнынæн рахицæн кодтой дыууæ къуырийы.

Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левӕн нӕ бантыст цӕрын, хъазын, уарзын

"Къордон стади цæудзæн 4-8 ноябры, æрдæгфиналон хъæзтытæ 15 ноябры, уæлахиздзау командæ та фæбæрæг уыдзæн зынгхуыст хъайтарæн йæ райгуырæн бон — 17 ноябры", — загътой пресс-службæйы.

Номарæн турнир аразынц Спорты комитет, Ӕхсæнадон организаци "Зиу" æмæ Ахуырад æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ.

Ирыстоны хъайтар Козаты Лев фæмард 2008 азы августы Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Знаджы ныхмӕ тох кӕнгӕйӕ уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Йæ амæлæты фæстæ Козаты Лев хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх —Уацамонгæйы орденæй. Лæппу хъазыд цхинвайлаг "Спартак"- ы сконды. 2008 азы 20 –аздзыд Козаты Лев службæ кодта Хъахъхъæнынады министрады минæхсæг взводы разамонæгæй.

Фембæлдтæ цæудзысты футболы скъола "Фæранк"-ы фæзуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0