"Чырыстон Ир": Дзæуджыхъæуы байгом æхсæзæм равдыст-армукъа

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæЧырыстон армукъа
Чырыстон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрвылазон равдыст-армуркъайы архайынц Уæрæсейы регионтæй, стæй фæсарæнтæй 100 куыстуатæй фылдæр. Сластой йæм Мæздæджы Мад Майрæмы Дзуары ныв дæр

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы спортивон комплекс "Манеж"-ы æхсæзæм хатт байгом рæстдинон равдыст – армукъа "Чырыстон Ир", хъусын кæны ПТРК "Алания".

Чырыстон конкурс Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фæбæрæг сты чырыстон конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы уæлахиздзаутæ

Алыгъуызон уазджыты хсæн сылгоймæгты Алайнаг моладзандон, Волгограды сылгоймæгты моладзандон æмæ Спиридон Тримифундскийы моладзандоны минæвæрттæ. Ӕдæппæтæй 100 куыстуатæй фылдæр Уæрæсейы регионтæй æмæ фæсарæнтæй.

"Йæ саразджыты нысантæ канд коммерцион не сты. Ам ис бафæдзæхсæн бинонты æмæ хиуæтты Грекъаг Сыгъдæг Афоны аргъуантæ æмæ Сыбыры моладзандонтæн. Чырыстон армукъа у адæмы æххуысгæнæг. Армукъайы цы дзаумæ балхæнай, уый йæхи æгъдауæй чырыстон хæзнайыл нымад нæу. Æнæ сыгъдæгзæрдæйæ Хуыцаумæ скувгæйæ, уый уыдзæн хуымæтæг сувенир" — фыссы ПТРК "Алания".

Чырыстон армукъа кусдзæн иннæ къуырийы кæронмæ. Январы та йæ ногæй бакæндзысты Краснодары.

Ног хабӕртты лентӕ
0