ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрӕмбоны сратификаци кодта хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Сириимӕ.
Документ бафыстой ацы аз июлы, Сири куы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, уымӕй дыууӕ мӕй фӕстӕдӕр.
"Сириаг коллегӕтӕ ныридӕгӕн сратификаци кодта бадзырд. Мах фӕстӕ кодта фарстмӕ ӕркаст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ коллегӕтӕ Сирийӕ ӕрцӕуой ардӕм, фӕлӕ баныхасы рӕстӕджы рабӕрӕг ис, уыдонӕн ахӕм фадат кӕй нӕй", — загъта парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игорь.
Бадзырды дзырдӕуы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сири кӕй тырнынц дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ахастытӕ райтынг кӕнынмӕ.
Документмӕ гӕсгӕ, фарсытӕ райтынг кӕндзысты ӕмгуыстад ӕддагон политикӕ, базарад, экономикӕ, зонад, ахуырад, культурӕ ӕмӕ спорты фадгуыты.
Бадзырды хицӕн пунктӕй фыст ис, фарсытӕ кӕй сараздзысты хорз экономикон, финансон ӕмӕ барадон уавӕртӕ амалиуӕгадон, инвестицион ӕмӕ ӕндӕр экономикон архайдӕн.