Радон гуырӕнбонмӕ: Цхинвалы та цалцӕг кӕнынц Абайты Уасойы музей

© Sputnik / Наталья АйриянАбайты Уасойы музей Цхинвалы
Абайты Уасойы музей Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музей басыгъд 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, фӕстаг ӕзты культурон объект сцалцӕг кӕныны фӕлвӕрдтытӕ кӕронмӕ нырма дӕр нӕ бакодтой

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы центры ногӕй райдыдтой цалцӕг кӕнын номдзыд ахуыргонд Абайты Уасойы хӕдзар-музей. Культурӕйы министрады ныфс ис, профессоры радон райгуырӕн бонмӕ агъуыст кӕй уыдзӕн цӕттӕ.

Незавершенное строительство дома-музея Васо Абаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей кӕй не сцӕттӕ, уый ныр та фӕцис боныгъӕды аххос

Хӕдзар-музей, кӕцы басыгъд 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, сӕндидзын кӕнынӕн уый фыццаг фӕлварӕн нӕу. Бирӕ экспонаттӕ — дзауматӕ, къухфысттӕ, чингуытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ фервӕзын кӕнын нӕ бантыст.

2014 азы бӕстыхай аразынмӕ бавнӕлдта татарстайнаг арӕзтадон фирмӕ "Эверест" — уый объект арӕзта Хуссар Ирыстонӕн лӕвары хуызы. Фирмӕйы минӕвӕрттӕ фидарӕй ныфс ӕвӕрдтой, хӕдзар кӕй сцӕттӕ уыдзӕн гениалон ахуыргонды 115 азы юбилеймӕ, кӕцы нысан цыд 2015 азы. Фæлæ арӕзтадон организацийы минӕвӕрттӕ сæ ныхасы хицӕуттӕ нæ разындысты.

2016 азы сентябры Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид хицауады уӕнгтимӕ ӕмбырды ныфс радта президентон фондӕй фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕнын номдзыд ирон ахуыргонд Абайты Уасойы хæдзар-музейы арæзтад кӕронмӕ бакӕныны нысанæн. Ӕхцатӕ рахицӕн кодтой, фӕлӕ президенты фӕдзӕхст уӕддӕр нӕ сӕххӕст кодтой. Фарон культурӕйы министр Зассеты Жанна фехъусын кодтой, Абайты Уасойы хӕдзар-музейы куыстытӕ кӕй фӕуыдзысты 2018 азы, фӕлӕ ма хъӕуы рахицӕн кӕнын ноджы ӕртӕ милуан сомы.

"Мах фӕнды саразын агъуыстӕй ӕрмӕст музей нӕ, фӕлӕ ма йын ауӕрӕх кӕнын йӕ функцитӕ. Президент Бибылты Анатолий сразы ис нӕ хъӕппӕрисыл ӕмӕ рахаста уынаффӕ ногӕй райдайын музейы арӕзтад", — загъта Зассеты Жанна.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, музейӕн экспонаттӕй баххуыс кӕндзысты Абайты Уасойы хиуӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕндтӕ.

Амӕйразмӕ, музейы раздӕры ди⁠ректор Плиты Юза, кӕцы нӕ фӕцард арӕзтады кӕронмӕ, радзырдта, 2008 азы августы хӕсты райдайӕнӕй бон раздӕр кӕй рахаста иууыл зынаргъдӕр экспонаттӕ. Хъыгагӕн, Плиты Юза йӕ цардӕй ахицӕн иу мӕйы размӕ.

Абайты Уасойы музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музей Цхинвалы сцалцæг кæндзысты Бибылты Анатолийы æххуысæй

"Абайты Уасойы хайбавӕрд Ирыстоны зонадмӕ у ӕнӕаргъ. Номдзыд ахуыргонды хӕдзар-музей размӕ кӕндзӕн йӕ хъуыдытӕ. Уый уыдзӕн чысыл зонадон ахуырадон-лингвистикон центр, фӕзындзӕн дзы литературон къуым дӕр, цы ран ӕрӕмбырд кӕндзысты ӕрмӕджытӕ советон ӕмӕ уӕрӕсейаг поэттӕ ӕмӕ фысджыты тыххӕй, кӕцытӕ-иу ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ", — загъта культурӕйы министр.

Зассеты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, культурӕйы министрады минӕвӕрттӕ ӕрвылбон вӕййынц объектыл, цӕмӕй сӕ цӕст дарой арӕзтадмӕ. Министр нӕ загъта куыстыты фӕуды дырыс датӕ, фӕлӕ баныфсӕвӕрдта, Абайты Уасойы райгуырӕнбонмӕ — 15 декабрьмӕ — республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ кӕй фендзысты ног агъуыст.

Абайты Уасойӕн хӕдзар балӕвар кодта нырма советон дуджы Хуссар Ирыстоны партийы обкомы уӕды секретарь Санахъоты Феликс. Ахуыргонд-иу йӕ бинойнагимӕ куы рцыд Хуссар Ирыстонмӕ, уӕд-иу баззад ацы хӕдзары. Абайты Уасойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ хӕдзары бакодтой музей, уыдӕм арӕх кодтой скъоладзауты ӕмӕ студентты, цӕмӕй сӕ базонгӕ кӕной зындгонд ахуыргонды цард ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры. Ис ын бирӕнымӕц бындурон куыстытӕ. Дунейы иууыл тынгдӕр йӕ ном айхъуыст, куыд ирон ӕвзаджы историкон-этимологон дзырдуаты автор, цы ран уый сахуыр кодта ирон дзырдты ратӕдзӕнтӕ, раиртӕста ирон ӕвзаджы бастдзинӕдтӕ ирайнаг ӕмӕ индоевропейаг ӕвзӕгтимӕ. Ирыстоны зонады иууыл ирддӕр минӕвары ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, ацы дыууӕ горӕты йын ӕвӕрд ис цыртытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0