"Хъайтарты" командæ рамбылдта Президенты кубок футболæй

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок
Президенты Кубок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъайтарты уынджы командæ финалы ныддæрæн кодта фароны уæлахиздзау - ПӔК-ы командæйы 2:1 хыгъдæй

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Хъайтарты уынджы командæ ссис футболæй Президенты Кубок рамбулыны сæраппон дыккаг æппæтреспубликон турниры уæлахиздзау. "Хъайтарты" командæ ныддæрæн кодта ивгъуыд азы уæлахиздзау — Паддзахадон æдасдзинады командæйы 2:1 хыгъдæй. Уæлахиздзау райста фыццаг бынаты кубок, Президенты цæугæ Кубок æмæ æхцайы приз.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок
Кубок Президента по футболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты Кубок

 

Турниры кæройнаг хъæзтытæм йæ цæст дардта президент Бибылты Анатолий, уый раарфæ кодта мадзалы архайджытæн æмæ баныфсæвæрдта, радон азмæ йын йæ масштаб кæй рауæрæх кæндзысты.

"Дыккаг аз уадзæм турнир æмæ æвдисæн стæм уæ дæсныйады рæзтæн, æвзонгдæр лæппутæ хизынц фæзуатмæ. Афтæ саразæм æмæ ацы турнир суа æдзухон чемпионат, цæмæй дыууæ-æртæ бон ма уа, фæлæ азы кæронмæ цæуа. Хъуамæ дзы архайой районтæ, структурæтæ æмæ горæтты командæтæ", — загъта президент.

Турниры æдæппæтæй архайдтой 17 командæйы, фыццаг хатт ерысты стох кодта Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы ирон батальоны къорд. Уæлахиздзау командæ дæр фыццаг хатт сфæлвæрдта йæ тыхтæ ацы турниры. Фæлæ æмткæй ацы аз архайæг командæты нымæц уыд къаддæр ивгъуыд азæй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок
Кубок Президента по футболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты Кубок

Президенты Кубокы сæраппонд хъæзтыты командон ерысты æмрæстæджы рабæрæг сты хуыздæр хъазджытæ дæр. Организатортæ сæрмагонд призтæй рахицæн кодтой фондз адæймаджы, уыдонæй æртæ ахастой уæлахиздзау командæйы хъазджытæ. "Хуыздæр дуаргæс" ссис Багаты Дзамболат, "Хуыздæр размæбырсæгыл" банымадтой Бететы Мараты, уый аскъуыддзаг кодта турниры финалы хатдзæг – ПӔК-ы командæйæн бакодта дыууæ пуртийы. Ӕртыккаг сæрмагонд приз — "Хуыздæр хъазæг"-ы ном та райста Урбицкий Артур.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок
Кубок Президента по футболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты Кубок

Турниры "хуыздæр хъахъхъæнæг"-ы приз райста Бекойты Олег (Хъахъхъæнынады министрад). "Хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг"-ы статуэткæ та ахаста Цхуырбаты Руслан (ПӔК). Турниры "хуыздæр тæрхонгæнæг"-ыл банымадтой Тедеты Александры.

Финалæй чысыл раздæр аскъуыддзаг æртыккаг бынаты хъысмæт — Хъахъхъæнынады министрад æмæ Текстилы командæты ʻхсæн æндыгъд хъазты тыхджындæр разындысты фыццæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0