Бибылты Анатолий:Хуссар Иры таможнӕ фылдӕр кӕны бюджет ӕмӕ ӕххуыс кӕны Уӕрӕсеимӕ базарадӕн

© Sputnik / Алексей КовалевТаможня
Таможня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны таможнӕйы кусджытӕ ӕртыццӕджы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон, ацы датӕйы цытӕн уагдоны кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн раарфӕ кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны таможнӕйон службӕ йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ бахаста стыр хайбавӕрд республикӕйы паддзахаддзинады арӕзтад ӕмӕ райрӕзтмӕ, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы таможнӕйы кусджыты профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

Хуссар Ирыстоны таможнӕ сарӕзтӕуыд 26 азы размӕ — 1992 азы ноябры. Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, абон уагдон фылдӕр кӕны республикӕйы бюджет, ӕххӕст кӕны йӕ экономикон ӕдасдзинад, ӕххуыс кӕны Уӕрӕсеимӕ базарадӕн.

"Фидарӕй гӕнӕн ис зӕгъын, Паддзахадон таможнӕйы комитеты куыст кӕй хуыздӕр кӕны азӕй азмӕ, уӕ архайды руаджы та ӕххӕст цӕуы Республикӕ Хуссар Ирыстоны националон интересты ӕдасдзинад", — радӕтта президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, профессионализм ӕмӕ стыр бӕрн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн таможнӕйы кусджытӕн ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0