Туркаг æхсæнад "Аланы"-йы сæрдар Хъуысаты Сардреттины схорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы

© iRYSTON TVТеркæй – Туркмæ
Теркæй – Туркмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Битарты Вячеслав рахицæн кодта уазæджы æппæты кадджындæр хæрзиуæг – "Ирыстоны Намысы майдан"-æй

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Национ музейы турчы цæрæг ирон нывгæнджыты равдыст "Теркæй – Туркмæ Аивад" æрбаконды рæстæджы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад "Аланы"-йы сæрдар Хъуысаты Сардреттины, хъусын кæны ТК "Осетия-Ирыстон"-ы сайт.

Равдысты сырх лента алыг кодтой Битарты Вячеслав æмæ Хъуысаты Сардреттин.

"Ирон культурæ æмæ традицитæ кæй парахат кæны, уый тыххæй йын Битарты Вячеслав радта æппæты кадджындæр хæрзиуæг – Ирыстоны Намысы майдан. Минæварадæн та – хицæн лæвар Шанаты Барисы скульптурæ "Чужбина", зæгъгæ. Баст у Ирыстоны рагон историйы уæззаудæр цауимæ – нæ фыдæлтæ Туркмæ куы фæлыгъдысты, уыимæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Турк ӕмӕ Ирыстоны цӕрӕг ирон адӕм ӕнгомдæр кæнынц сӕ бастдзинæдтæ

Равдыст "Теркæй – Туркмæ Аивад"-ы ис 200 куысты. Нывтæ, къамтæ, дурæй нывæфтыдтæ. Къуымы та цæхæртæ калынц сызгъæринæй конд дзаумæттæ. Сæ фылдæр сын сæрмагондæй ацы равдыстмæ сарæзтой.

Мадзал сарæзтой Турчы цæрæг ирæттæ, Цæгат Ирыстоны культурæ æмæ национ ахастдзинæдты министрадтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0