Цырт бындурæвæрæгæн: Къуыдаргом сидынц сæнусон кæнын поселок саразæджы ном

© Sputnik / Мурик ЧиаевЧитаты Иосиф
Читаты Иосиф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрзæткъахæн рауагъдады бындурæвæрæг, йæ фыццаг директор Чиаты Иосифæн хъавынц цырт сæвæрын шахтæмæ сцæуæны

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Къуыдаргомы цæрджытæ сидынц æрзæткъахæн поселок Къуаисайы бындурæвæрæг, зынгæ советон политикон архайæг Чиаты Иосифы ном сæнусон кæнынмæ. Адæмы фæндмæ гæсгæ, цæрæн пункт кæй фæрцы фæзынд, уымæн хъæуы сæвæрын цырт, загъта Sputnik Чиаты мыггаджы минæвар Мурик.

Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуаисайы зæххæнкъуыст ракалдта хох æмæ цæрджыты "расырдта" уынгтæм

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цырт хъавынц сæвæрын æрзæткъахæнмæ сцæуæны.

"Къуаисайы хистæр кары адæм хатынц Къуыдаргомæй рацæугæ адæммæ æмæ Чиаты Иосифы номæн чи кад кæны, уыдонмæ, цæмæй кæмæн куыд йæ бон у, афтæ баххуыс кæной ацы гоймагæн цырт сæвæрынæн. Бюст у цæттæ, фæлæ æрмæст йæ бындур мраморæй лæууы 140 мин сомы. Уымæ гæсгæ расидтыстæм фæрæзты æмбырд", — загъта Чиаты Мурик.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Чиаты Иосифæн йе стыр лæггæдтæм æнæкæсгæйæ йæ ном никуыд сæнусон кодтой Къуыдаргомы.

"Уый уыд æрзæткъахæн рауагъдады бындурæвæрæг, йæ фыццаг директор. Иосиф куыннæ уыдаид, уæд Къуаисайы поселок дæр нæ фæзындаид. Афтæмæй та йын нæдæр уынг ис, нæдæр цырт Къуаисайы", — бафтыдта уый.

Чиаты Иосиф уыд советон паддзахадон архайæг, Хуссар Ирыстоны автономон областы коммунистон партийы фыццаг секретарь, 1943—1956 æзты Къуаисайы æрзæткъахæн управленийы директор, æвзæрст æрцыд Советон цæдисы уæлдæр советы 6-æм æрсидты депутатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0