ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Днестргӕрон республикӕйы интерестӕ хъахъхъӕндзӕн Плиты Алан. Днестргӕроны президент Вадим Красносельский бафыста указ, цӕмӕй Плиты Аланы снысан кӕной Хуссар Ирыстоны Днестыргӕроны Официалон минӕварады сӕргълӕууӕгӕй, хъусын кӕны "Новости Приднестровья".
Указ бацыд йӕ тыхы йӕ бафыссыны бонӕй фӕстӕмӕ.
Амӕйразмӕ Плиты Аланы кандидатурӕйыл ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Днестыргӕроны Уӕлдӕр Советы ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ахастыты фӕдыл къамисы уӕнгтӕ.
Плиты Аланӕн ис бирӕазон фӕлтӕрддзинад дипломатон фадыджы — уый уыд Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг.
Уый фӕстӕ йӕ сӕвӕрдтой республикӕйы Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕгӕй.
Хуссар Ирыстоны Днестргӕроны минӕварад архайы 2007 азӕй, 2018 азы мартӕй фӕстӕмӕ йӕ сӕргълӕууӕджы бынат уыд сӕрибар.