Депутаттӕн радзырдтой, куыд цӕуы бирӕпрофилон медицинон центры куыст Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медицинон центр баиу кодта Хуссар Ирыстоны сӕйраг медицинон организацитӕ иу комплексы

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры директор Кокойты Маирбег радзырдта Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕн медицинон уагдоны куысты тыххӕй.

Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад августы баххуыс кодта ӕмбӕстӕгтӕн

Хуссар Ирыстоны ацы аз сарӕзтой медицинон центр, кӕцы баиу кодта медицинон организацитӕ иу комплексы. Парламенты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон политикӕйы комитеты рабадт ацыд ивгъуыд къуыри, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Кокойты Маирбег банысан кодта, медицинон центры скондмӕ кӕй бахызтысты сывӕллӕтты ӕмӕ республикон рынчындӕттӕ, гуырӕн хӕдзар, Цхинвалы горӕтон поликлиникӕ,Цхинвалы районон поликлиникӕ, туберкулезы ныхмӕ диспансер, тагъд медицинон ӕххуысы станц, дохтырон-физкультурон диспансер, буары-венерологон диспансер ӕмӕ тӕрхондоны-медицинон экспертизӕйы бюро.

"Центры архайды сӕйраг нысаниуӕг у ӕххӕст кӕнын цӕрджытӕн фыццаг медико-санитарон, сӕрмагонд, стыр технологон медицинон ӕххуыс", — банысан кодта уый.

Кокойты Маирбег радзырдта депутаттӕн проблемӕты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ фӕзындысты куысты рӕстӕджы ӕмӕ фехъусын кодта, кӕцы кадртӕ ис медицинон центры, кӕцытӕй та сты цух.

Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӔХМ радзырдта ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуысы тыххӕй

Депутат Уалыты Роза радзырдта республикон рынчындоны донифтонгады тыххӕй. Уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕна ацы проблемӕ.

"Ӕз зонын, рынчындоны кӕй нӕй хъарм дон, ӕмӕ рынчынтӕ сӕхи тыхтӕй хъарм кӕнынц дон сӕхи найынӕн. Мӕнӕн, куыд депутат ӕмӕ адӕймагӕн, кӕцы никуы ныууагъта йӕ фыдыбӕстӕ, мӕ хӕс у саразын алцыдӕр, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм ацы проблемӕ", — загъта депутат.

Комитеты сӕргълӕууӕг Козонты Алан банысан кодта, ацы фарстыл раздӕр дӕр кӕй ныхас кодтой парламенты сессийы рӕстӕджы, ӕмӕ хицауад куы бадӕтта сметӕ, уый фӕстӕ паддзахадон бюджетмӕ бахӕссдзысты ивындзинӕдтӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Хуссар Ирыстоны Игорь Галь банысан кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ скъуыддзаг цӕуынц фарстытӕ, цӕмӕй саразой электроэнерги, техникон ифтонгад ӕмӕ лифты хӕдзарады системӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0