ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Цакъоты Сӕрмӕт ссис Европӕйы ерысты уӕлахиздзау тхэквондойӕ юниорты ӕхсӕн, хъусын кӕны республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады пресс-службӕ.
Европӕйы ерыстӕ тхэквондойӕ юниорты ӕхсӕн цыдысты Польшайы 5-11 ноябры.
"Цакъоты Сӕрмӕт бацахста фыццаг бынат 68 килограмм уӕзы категорийы, ноджы ма дыууӕ спортсмен Ирыстонӕй ссисты ерысты призертӕ — Танделаты Георгий (87 килограмм) рамбылдта ӕвзист майдан, Гуырцъыты Георгий та (58 килограмм) — бронзӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Авет Оганесянц, Астан Николов, Хлойты Тамерлан, Рашид Шоров ӕмӕ Ногъайты Алан.