Бибылты Анатолий: Хуссар Иры араздзысты фӕндӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕнуат

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг дзуаппытӕ радтой журналистты фарстытӕн ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты фӕстиуджыты тыххӕй, кӕцы ацыд цыппӕрӕмы изӕры

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр дӕр кусынц фӕндагон хызӕгты райрӕзт, цӕрӕнуатты арӕзтад, ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинады системӕты модернизацийыл, афтӕ ма кадрон потенциал фӕфылдӕр кӕныныл. Уый тыххӕй журналисттӕн радзырдта республикӕйы президент Бибылты Анатолий уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты фӕстӕ, кӕцы цыд Мӕскуыйы.

Вид на Московский Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйы ӕрныхас кӕндзысты Хуссар Иры райрӕзт ӕмӕ финанстӕ рахицӕн кӕныны фарстытыл

Уӕрӕсейы столицӕйы цыппӕрӕмы изӕры балхынцъ ис Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы XIX рабадт. Фембӕлдӕн къухдариуӕгад кодтой Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик. Афтӕ ма рабадты хайад иста РХИ президент Бибылты Анатолий дӕр.

"Республикӕйы хъӕуы хорз фӕндагон инфраструктурӕ, мах адарддӕр кӕндзыстӕм нӕ куыст ацы здӕхты. Цӕрджытӕ фылдӕр кӕнынц ӕмӕ уый фӕдыл хъӕуы аразын сабидӕттӕ, цӕрӕнуат. Афтӕ ма хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын медицинӕ, ахуырад ӕмӕ кадрон потенциалы гъӕд", — банысан кодта Бибылты Анатолий, кӕцыйы ныхӕстӕ радӕтта РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг бахахх кодта, финансон ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕн дисциплинӕйы ӕмвӕзад кӕй фӕфылдӕр ис, ӕмӕ уый фӕдыл 2018 азы Инвестпрограммӕйы реализаци ссис эффективон.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент Бибылты Анатолий
Президент РЮО Анатолий Бибилов  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий

Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг, ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕрӕсейаг фарсы сӕргълӕууӕг Виталий Мутко радзырдта ДИФ минӕвӕрттӕн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон фадыджы позитивон здӕхтты тыххӕй.

"Хуссар Ирыстонимӕ махӕн ис хорз ӕмгуыстад. Хъӕуы банысан кӕнын, республикӕйӕн кӕй рӕзы йӕхи экономикон потенциал, ӕфтиагджын базӕ", — загъта Мутко.

Хицауады сӕрдары хӕдивӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, Инвестпрограммӕмӕ лӕмбынӕгӕй ӕркӕсдзысты ӕхсӕнхицауадон къамисы иннӕ рабадтыл, кӕцы ацӕудзӕн 2019 азы фыццаг кварталы.

"Фидӕны Инвестпрограммӕ хъӕудзӕн сфидаргонд кӕнын, цӕмӕй райдайӕм проектон-сметон документацийыл кусын", — загъта Мутко.

Ног хабӕртты лентӕ
0