ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Наталья Айриян. Ӕцӕг бӕрӕгбон республикӕйы цӕрджытӕн сарӕзта Хуссар Ирыстоны Сӕнаразджыты ассоциаци Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй. Уый загъта бузныг ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, мадзал уыдзӕн ӕрвылазон ӕмӕ йӕ нысан кӕндзысты ноябры ӕртыккаг цыппӕрӕмы. Ацы бон бӕрӕгбон нысан кӕнынц ӕппӕт дунейы ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны дӕр.
"Сорт "гаме фрео" Ирыстоны райдыдтой зайын кӕнын XIX ӕнусы. Дунейы ацы сорт тынг популярон нӕу. Мах та фӕнды саразын ацы сӕнӕй бренд, кӕцы цӕудзӕн ӕвзонг сӕн уарзджыты зӕрдӕмӕ. Ныртӕккӕ мах уадзӕм сӕны цыппар хуызы, кӕцытӕ абон равдыстам. Ныфс нӕ ис, уӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕудзысты", — загъта Ассоциацийы сӕргълӕууӕг.
Ӕвзонг сӕны изӕры хайад райста зарӕггӕнӕг Тасойты Игорь, кӕцы уыд изӕры амонӕг. Ансамбль "Симд"-ы артист Багаты Шота азарыд националон композицитӕ, ӕвзонг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта та сӕххӕст кодта йӕ диссаджы зарджытӕ. Афтӕ ма йӕ сфӕлдыстад равдыста уазджытӕн ӕвзонг лӕппу Зассеты Максим.
Уымӕй дарддӕр ма мадзалы ауагътой алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ викторинӕтӕ. Иууыл активондӕр хайадисджытӕ райстой лӕвар — Ирыстоны ӕвзонг сӕн.
Афтӕ ма бӕрӕгбоны ауагътой уникалон сӕны аукцион, кӕцыйы мидӕг уыдис ӕнӕхъӕн кӕрдо. Таурӕгъмӕ гӕсгӕ, ног бацӕргӕтӕ, кӕцытӕ банызтой сӕн, хъуамӕ ныппырх кӕной сӕны авг, алыг кӕной кӕрдо дыууӕ дихыл ӕмӕ йӕ бахӕрой. Сӕны авг балхӕдта уазӕг, кӕцы йыл радта иууыл стырдӕр суммӕ — 15 мин сомы.
Галерист Уалыты Мӕдинӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ сты хорз традици ӕмӕ йӕ цӕст бауарзта организатортӕ ӕнтыстытӕ сӕ хъуыддаджы.
Афтӕ ма Уалыты Мӕдинӕ бахахх кодта, Ирыстоны сӕн аразын алыхатт дӕр кӕй уыд сӕйрагдӕр амалиуӕгадтӕй иу.
"Хуссар Ирыстоны алкӕцы хӕдзары дӕр ис йӕхи сӕн. Фӕлӕ мын ӕхсызгон у, кӕй цӕуы арӕзт ахӕм хорз атмосферӕ ӕмӕ адӕмӕн фадат ис, цӕмӕй ӕмхиц уой хорз хъуыддагмӕ", — бафтыдта уый.
Изӕры кӕрон уазджытӕ раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны сӕнаразджытӕн ӕмӕ банфысӕвӕрдтой, сӕн аразын кӕй суыдзӕн Ирыстоны сӕйраг кабаз.