UFC чемпион Хабиб Нурмагомедов ӕрцӕудзӕн Дзӕуджыхъӕумӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæХабиб Нурмагомедов
Хабиб Нурмагомедов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дагестанӕй уазджытимӕ иумӕ спортсмен ӕрцӕудзӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турнир "Аланы"-мӕ

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. UFC чемпион рог уӕзы категорийы Хабиб Нурмагомедов ӕрцӕудзӕн Цӕгат Ирыстонмӕ, уый тыххӕй фехъусын кодта сенатор РЦИ-Аланийӕ Фадзайты Арсен социалон хызӕг Instagram-ы.

Фадзайты Арсен банысан кодта, зӕгъгӕ, спортсмены балцы тыххӕй республикӕмӕ уый базыдта Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты Федерацийы фыццаг вице-призидент Омар Муртазалиев ӕмӕ ССРЦ спорты мастер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Абдулманап НУрмагомедовимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

"Ӕрдзырдтам спорты дарддӕры райрӕзтыл, афтӕ ма Дзӕуджыхъӕуы спорты бӕрӕгбон "Аланы"-йы тыххӕй. Нӕ дагестайнаг ӕфсымӕртӕ 'рцӕудзысты ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ Хабибимӕ иумӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 7-9 декабры.

Нурмагомедов у фыццаг уӕрӕсейаг, кӕцы ацы аз апрелы райста UFC чемпионы ном — спортсмен UFC 223 турниры сӕйраг тохы рамбылдта америкӕйаг Эл Яквинтайы. Октябры спортсмен бахъахъхъӕдта йӕ титул Конор Макгрегоримӕ тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0