Генштабы сӕргълӕууӕг: РХИ Гарзджын тыхты бындурӕвӕрджытӕ уыдысты артиллеристтӕ

© Пресс-служба МО РЮО Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы
Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Национ Гарзджын тыхты фыццаг хайад уыд артиллерион дивизион "Юпитер", кӕцы стӕй бахызт Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады скондмӕ, банысан кодта Федоров

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты арӕзтад райдыдта артиллерийӕ, фехъусын кодта РХИ Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр инӕлар-майор Виктор Федоров хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты бӕрӕгбонон ралӕуды рӕстӕджы, кӕцы уыд нывонд Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты боны цытӕн.

"Национ Гарзджын тыхты бындурӕвӕрджытӕ уыдысты артиллерион хайадтӕ. 1992 азы июны адӕмон хӕдӕфсады къордтӕ райстой артиллерион хӕдтулгӕтӕ, кӕцытӕ баххуыс кодтой ӕддагон агрессийӕн ныхкъуырд радтынӕн", — радӕтта хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ Генштабы хистӕры ныхӕстӕ.

Федоровы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хӕдтулгӕты бындурыл сарӕзтӕуыд артиллерион дивизион "Юпитер", кӕцы уыд цӕрӕг пункт Галуанты, РХИ хъахъхъӕнынады министрад куы сӕвзӕрд, уӕд та бахызт йӕ скондмӕ.

© Пресс-служба МО РЮО Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы
В Минобороны РЮО поздравили артиллеристов с профессиональным праздником - Sputnik Хуссар Ирыстон
Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы

"Ӕфсӕддонтӕ-артиллеристтӕ алы хӕсты дӕр ӕвдыстой стыр профессионализм, иузӕрдыгдзинад ӕфсӕддон ардӕн", — бахахх кодта инӕлар-майор.

Федоров банысан кодта, зӕгъгӕ, бирӕ артиллеристтӕ фӕмард сты хӕсты рӕстӕджы сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

Ӕфсӕддонтӕ ссардтой амӕттаг артиллеристты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзымӕй алӕугӕйӕ.

"Ныртӕккӕ артиллерийы сконды цӕуынц ӕфсӕддон службӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты ног фӕлтӕр. Йе сконды сты офицертӕ, кӕцытӕ райстой уӕлдӕр профессионалон ахуырад Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады хуыздӕр ӕфсӕддон ахуыргӕнӕдӕтты", — радзырдта Федоров.

Бӕрӕгбонон ралӕуды рӕстӕджы ацыд артиллеристты хорзӕхджын кӕныны церемони. Уыдонӕн радтой паддзахадон ӕмӕ уагдонон хорзӕхтӕ.

© Пресс-служба МО РЮОАртиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы
В Минобороны РЮО поздравили артиллеристов с профессиональным праздником - Sputnik Хуссар Ирыстон
Артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдты бон Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0