Райтынг кӕнын формат: Цхинвалмӕ ӕрцыдысты ОБСЕ, ЕЦ ӕмӕ ИНО минӕвӕрттӕ

© Пресс-служба МИД РЮО Цхинвалмӕ ӕрцыдысты ОБСЕ, ЕЦ ӕмӕ ИНО минӕвӕрттӕ
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты ОБСЕ, ЕЦ ӕмӕ ИНО минӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Делегаци ӕрцыд Цхинвалмӕ, цӕмӕй ӕрныхас кӕной Женеваг дискусситы радон раунды боны фӕткыл, кӕцы ацӕудзӕн декабры

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Инциденттæ ма руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны механизм у женеваг форматы ахсджиаг ӕнтыст, кӕцы хъӕуы райтынг кӕнын, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт Женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

МПРИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕххӕстбарджын минӕвар радзырдта, цӕмӕ ацыд Хуссар Иры делегаци ИӔАМ форматы фембӕлдӕй

ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй ӕрныхас кӕной Женеваг ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон 46-ӕм раунды боны фӕткыл.

Джиоты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, къахдзӕфтӕ, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц Женеваг дискусситы фӕлгӕтты, ахъаз сты регионы сабырдзинадӕн. Ӕххӕстбарджын минӕвар фидарӕй загъта, иумӕйаг тыхты фӕрцы ацы куыст кӕй ацӕудзӕн ӕмбӕлгӕ здӕхтмӕ.

"Нӕ куыст нывонд у 46-ӕм раундмӕ цӕттӕкӕнынадӕн, ӕмӕ мӕн уырны, нӕ абоны фембӕлд кӕй ратдзӕн хорз импульс Женевайы фембӕлдӕн", — загъта Джиоты Мурӕт.

Евроцӕдисы минӕвар Вероника Черна банысан кодта, зӕгъгӕ, иумӕйаг тыхархайды руаджы райтынг кӕндзысты ИӔАМ формат.

"Мах хъуамӕ уӕм прагматикон ӕмӕ аиуварс кӕнӕм цӕлхдуртӕ, кӕцытӕ хъыгдарынц Женеваг дискусситӕ ӕмӕ ИӔАМ форматы райрӕзт", — загъта Вероника Черна.

Фӕскавказы хъуыддӕгты фӕдыл Женеваг дискусситӕ ацӕудзысты 10-11 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0