Завод, Елизавета æмæ къахдзоныгъты спорт: Дзауы районы скодтой хатдзæгтæ ацæугæ азæн

© Sputnik / Плиева ФатимаМахъоты Уырызмæг
Махъоты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2018 азы районы фæзынд доны руагъдад, тыллæгджын уыд картофæй, баййæфта æрдзон бæллæхтæ æмæ фæхуыздæр кодта йæ инфраструктурæ

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы администрацийы сæрдар Махъоты Уырызмæг радзырдта республикæйы иууыл стырдæр районы цы ʻрцыд арæзт, куыд иуварс цæуынц æрдзон бæллæхты фæстиуджытæ æмæ сæрыстыр цы арæзтæдтæй сты.

Муыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты ацыд Дзау æмæ Знауыры районты разамонджытæ Махъоты Уырызмæг æмæ Гæбæраты Иналы пресс-коференци. Уыдон æрдзырдтой ацæугæ азы хатдзæгтыл æмæ сдзуапп кодтой журналистты фарстытæн.

Сывæллæтты галуан, интернат æмæ президенты лæвар

Йæ раныхасы районы разамонæг фыццаг рады хъусдард аздæхта Дзауы азы дæргъы цы бантыст саразын, уыдонмæ.

"Знон фæцис арæзт ацы азы нывæзты фæстаг фæндаг, куыстытæ ма цæуынц Теделеты фæндаг æмæ Моргойы хидыл. Дæттæ уадзинаг цы уыд, уыдон дæр фесты, ныридæгæн ма дзы Рукъы аззад баххæст кæнинаг. Нæ разы лæугæ хæстæ сæххæст кодтам 90%", — загъта Махъоты Уырызмæг.

Дзауы районы ацы аз фесты цалдæр арæзтады, балхынцъ сты, фæстиæдтимæ чи цыд, ахæм объекттæ дæр.

Уæлмæрдмæ фæндаг: Дзауы районы алыг кодтой хъæуы цæрджыты проблемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлмæрдмæ фæндаг: Дзауы районы аиуварс кодтой хъæуы цæрджыты проблемæ

"Ацы аз фæцис арæзт Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Балхынцъ ис Дзауы скъола-интернат æндидзынкæнæн куыст. Арæзта йæ МРТ Банк (Ӕхсæнадæмон хыгъдон банк), мах дæр сæм фæкастыстæм. Президент та нын балæвар кодта 5 милуан сомы аргъ футболон фæзуат æмæ уый сæвæрдтам зæронд интернаты бынаты. Ахуырадон уагдоны фæхуыздæр сты уавæртæ æмæ сæм ноджы æрбацыд 15 ахуырдзауы уæлæмхасæй", — бафтыдта уый.

Хъæбысхæст, шахматтæ, самбо æмæ къахдзоныгътæ

Махъоты Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, хъæзныг у районы цард спорты фадыджы дæр. Ӕрвылаз ам ацæуы æртæ турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй, самбойæ æмæ шахматтæй.

Гæбæраты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыр-2018: районы хистæр ӕрдзырдта афӕдзы æнтыстытыл

"Советон цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номыл нæм ацæуы уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир, МСНК командир, РХИ Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар Сиукъаты Темойы номыл ерыстæ ацыдысты самбойæ. Стæй ма Челехсаты Хъазбеджы номыл турнир дæр районы разамынад райста йæ дæлбармæ. Фарон къахдзоныгътыл бырынæй ерыстæ сарæзтам Кърозы æмæ та сæ 'рбалæугæ февралы сфæлхатт кæндзыстæм", — загъта уый.

Махъоты Уырызмæг ма радзырдта культурæйы фадыджы æнтыстытыл дæр.

"Ацы аз ирон бæгæныйы конкурсы дзауаг æфсин рамбылдта дыккаг бынат, уый та æхсæнадæмон æмвæзады у хорз æнтыст", — банысан кодта уый.

Картоф "Елизавета" æмæ зиу

Ацы аз Итрапис æмæ Църуйы хъæуты быдырты районы разамынад ныссагъта картоф "Елизавета", тыллæг иттæг хорз не ʻрзад, фæлæ райстой экологон сыгъдæг продукци.

"15 тонны бæрц картоф æрзад, райстам экологон сыгъдæг продукци. Стæй ма йын уыд иу æвæрццаг æндæвдад – 240 адæймаджы рацыдысты зиумæ картоф æмбырд кæнынмæ", — банысан кодта районы хистæр.

Æрдзон бæллæхтæ

2018 азы районæн æрзиан кодтой æрдзон бæллæхтæ — донивылдтæ фæластой хидтæ, зæххæнкъуыст разиан кодта Къуыдаргомæн, их ныссаста цалдæр хъæуы хæдзæртты агъуыстытæ.

"Донивылд раласта Згъубирмæ хид, уый цалцæг æрцыд. Сæрмагонд къамис саргъ кæндзæн, Къуаисайы зæххæнкъуыст цы зиан æрхаста, уымæн. Их цы агъуыстытæ фехæлдта, уыдонæн та æххуыс цæудзæн арæзтадон æрмæгæй", — загъта уый.

Махъоты Уырызмæг ма радзырдта, ацы аз инвестицион фæрæзты æххуысæй Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Едысы аразт кæй цæуы донрауагъдады завод.

Ног хабӕртты лентӕ
0