ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы разамынад схорзæхджын кодта Дзæуджыхъæуы фыццагады уæлахиздзау боксерты тренерты бузныджы гæххæттытæй.

Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæй аст райстой сыгъзæрин майдантæ, ноджы ма фондз лæппуйы та рамбылдтой дыккаг бынæттæ. Фæсивæды бацæттæ кодтой 6 тренеры, уыдон ссисты боксы скъолайы цыткæныны изæры хъайтартæ.
Бузныджы гæххæтытæ райстой тренертæ Плиты Азæмæт, Тедеты Алик, Дзигойты Ацæмæз, Куымæридтаты Родион æмæ Руслан æмæ Калаты Георгий.
"Тренертæй дарддæр ма абон схорзæхджын кодтам нæ хъомылгæнинаг Кокойты Левы, радтам ын сæрмагонд хæрзиуæг "иууыл фенддагдæр тох", уымæн йæ ралæуды фæстæ зал æмдзæгъд кодта къахылæудæй. Ходты Дмитрийы рахицæн кодтам "уæлахизмæ тырнынады тыххæй", мах нымайæм, уымæн йæ тох кæй байстой. Дима рамбылдта ныхмæлæуд, фæлæ йын фыццаг бынат нæ радтой", — загъта боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.
Дзæуджыхъæуы гом фыццагад боксæй цыд 15–18 ноябры. Хуссар Иры командæйы сконды архайдтой 20 боксеры.
