ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Ӕвзонг спортсменкӕтӕ Хуссар Ирыстонӕй равдисдзысты сӕ курдиат Уӕрӕсейы Сгуыхт тренер Дулаты Казимы мысӕн турниры, хъусын кӕны РЦИ-А спорты министрад.
"23-25 ноябры Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы ацӕудзӕн Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Дулаты Казимы мысӕн РЦИ-Аланийы Гом Кубок аивадон гимнастикӕйӕ. Турниры архайдзысты гимнасткӕтӕ Краснодар, Ставрополь ӕмӕ Саратовы областтӕй, РЦИ-Алани, Хъӕрӕсе-Балхъар ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ерысты хайадисджытӕ равдисдзысты сӕ курдиат сӕрмагонд ӕмӕ командон программӕты.
Турниры бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн 23 ноябры. Турниры организатортӕ сты РЦИ-Аланийы физикон культурӕйы министрад ӕмӕ Аивадон гимнастикӕйы федераци.