Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ир бадзырдтой ӕмбӕстӕгтӕн медицинон ӕххуысы фӕткы тыххӕй

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар ӕмӕ Цӕгат Ир бадзырдтой ӕмбӕстӕгтӕн медицинон ӕххуысы фӕткы тыххӕй
Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ир бадзырдтой ӕмбӕстӕгтӕн медицинон ӕххуысы фӕткы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы хицауады бафыстой бадзырд Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ иудадзыг РХИ цы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ цӕрынц, уыдонӕн медицинон ӕххуысы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий бафыста йӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕ Годжысаты Тамерланимӕ бадзырд республикӕйы хицауад ӕмӕ РЦИ-Аланийы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хсӕн, цы ран дзырд цӕуы "Медицинон фӕдзӕхсыны системӕйы медицинон ӕххуыс ӕххӕст кӕныныл Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл".

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы фӕхуыздӕр кӕндзысты медицинон ӕххуыс

Тотчиты Георгий банысан кодта, зӕгъгӕ, документ бафыстой медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы бафыстӕуыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн 2017 азы 14 ноябры Мӕскуыйы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Бадзырд бӕрӕг кӕны медицинон ӕххуысы фӕтк ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕм ис ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхсты полис, Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады уагдӕтты. Бадзырды руаджы ауӕрӕх уыдзӕн ӕмгуыстад цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ ӕмӕ ӕнцондӕр уыдзӕн ласын пациентты Цӕгат Ирыстоны медицинон уагдӕттӕм", — банысан кодта министр.

Годжысаты Тамерлан фидарӕй загъта, цӕгатирыстойнаг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕй у ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирыстонӕн.

"Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгады номӕй мӕ фӕнды зӕгъын, хуссарирыстойнаг пациенттӕн кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм гъӕдджын медицинон ӕххуыс нӕ уагдӕтты, ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд та сын баххуыс кӕндзыстӕм райсын медицинон ӕххуыс федералон уагдӕтты", — банысан кодта уый.

Министрты фембӕлд ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады премьер-министр Пухаты Эрикы къухдариуӕгады бын. Рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой ӕнӕмӕнг медицинон фӕдзӕхсты системӕйы дарддӕры райрӕзтыл, медицинон ӕххуысы гъӕд ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады кадрон уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0