"Ӕнӕмӕлгӕ полк" ссардта Хуссар Иры дыууӕ мин ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕджы ингӕны

© Наталья Босыкты Цхинвал, ӕнусон арт
Цхинвал, ӕнусон арт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг цӕрджыты ингӕнты агуырд уагъд цӕуы цалдӕр аз, Зассеты Жанна радзырдта уыцы куысты фӕстиуджыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Козаты Диана. "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы штаб Хуссар Ирыстоны ссардта 1,9 мин ингӕнӕй фылдӕр, цыран ныгӕд сты республикӕйы цӕрджытӕ, кӕцытӕ ацыдысты Стыр Фыдыбӕстон хӕстмӕ ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты, радзырдта журналисттӕн Sputnik пресс-центры РХИ культурӕйы министрады сӕргълӕууӕг Зассеты Жанна.

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Жанна
Ӕнӕмӕлгӕ полк ссардта Хуссар Иры дыууӕ мин ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕджы ингӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Жанна

Иумӕйагӕй Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕбӕрӕгӕй фесӕфт Хуссар Ирыстоны авд мин цӕрӕджы. Ӕртӕ азы сӕ агурыныл кусы "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы штаб, кӕцыйы сӕргъ лӕууы Зассеты Жанна.

"Мах ссардтам 1952 адӕймаджы ингӕн. Уыййас цырагъ хъайтарты номыл нӕ бон у ссудзын", — загъта Зассеты Жанна.

Зассеты Жанна радзырдта, бирӕ адӕмы кӕй фӕндыд ацӕуын сӕ хиуӕтты ингӕнтӕм ӕмӕ сын ссарын сӕ рухс нӕмттӕ.

Ӕнӕмӕлгӕ полк Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнӕмӕлгӕ полк" Хуссар Иры: акци ӕртымбыл кодта фондз мин адӕймагӕй фылдӕр

Уыдис дзы ахӕмтӕ, кӕцыты бафӕндыд раласын амӕттаг солдатты мӕрдон зӕххы хай сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, фӕлӕ уый у зын процедурӕ.

"Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы сӕргълӕууӕг фидарӕй загъта, ацы куыст кӕй адарддӕр уыдзӕн, цалынмӕ фӕстаг ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕймаджы ма ссарой.

Хуссар Ирыстонӕй, цыран цӕрджыты нымӕц уыд 90 мин адӕймаджы, хӕстмӕ ацыдысты 21 736, се 'рдӕгӕй фылдӕр фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты быдырты, авд минӕй фылдӕр та ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0