00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Галаты Борисы 130-азон юбилейы цытӕн Петербурджы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон конференци

© Sputnik / Наталья АйриянГалаты Борис
Галаты Борис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конференци нывонд у ирон композиторон скъолайы бындурӕвӕрӕг, фыдыбӕстон этномузыкологийы классик, фольклорист, дирижер Галаты Борисӕн

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы аивады историйы институт уадзы IX Ӕхсӕнадӕмон зонадон конференци "Петербург ӕмӕ националон музыкалон культурӕтӕ: Кавказы адӕмы музыкалон традицитӕ. Галаты Борисы 130 райгуырӕн боны цытӕн". Мадзал ацӕудзӕн 3-5 декабры Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы, дзырдӕуы институты сайтыл.

Лана Алборова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Композитор Ирыстонӕй Галаты Борисы тыххӕй: егъау курдиаты хицау

Галаты Александры фырт Борисы (Галаты Аслан-Гирей, 1889-1976) ном хӕссы Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд". Уый у петербургаг фольклористикӕйы зонадон скъолайы ирддӕр минӕвӕрттӕй иу, райтынг кодта ирон музыкалон аивад ӕмӕ зонад.

Конференцийы сӕйраг темӕтӕ — Кавказы адӕмы музыкалон культурӕтӕ ӕмӕ се 'ндӕвдад кӕрӕдзийыл.

"Проекты нысаниуӕг у ӕрымысын регионалон культурон ӕмбалады ног механизмтӕ, сфидар кӕнын культурон бастдзинӕдтӕ алыгъуызон цивилизациты ӕхсӕн, афтӕ ма баххуыс кӕнын Кавказы регионы райрӕзтӕн", — фыссынц институты сайтыл.

Зонадон программӕйӕ дарддӕр ма мадзалы фӕлгӕтты ацӕудзысты концерттӕ, мастер-класстӕ.

Конференцийы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ нывӕндынц саразын фыстауцты ӕмбырдгонд. Мадзал уагъд цӕуы Санкт-Петербурджы Ирон минӕварад ӕмӕ Галаты Борисы номыл культурӕйы фонд "Центр Со-действия"-йы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0