Богалтӕ 15 бӕстӕйӕ хайад райсдзысты "Аланты" турниры Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры хайад райсдзысты Уӕрӕсе, АИШ, Иран ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты командӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 8 декабры райдайдзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Алантӕ", хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.

Къудухты Бесикы номарæн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бындурæвæрæджы номарæн: Цхинвалы сидынц æвзонг богалтæм турнирмæ

Мадзал ацӕудзӕн дыккаг хатт Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы хъӕппӕрис ӕмӕ ӕххуысы руаджы.

Турниры хайад райсдзысты Уӕрӕсе, Белоруси, Казахстан, Узбекистан, Азербайджан, Молдова, Сомих, Гуырдзыстон, АИШ, Иран, Польша, Монголи, Инди, Словаки ӕмӕ Испанийы командӕтӕ.

Турниры фыццаг бон, 8 декабры, ацӕудзысты развӕлгъау ӕмӕ ӕрдӕгфиналон тохтӕ алкӕцы уӕзы категорийы дӕр. Иннӕ бон та рабӕрӕг уыдзысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ. Мадзалы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн 9 декабры 17.00 сахатыл.

Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кӕндзысты зынаргъ лӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕй. Турниры призон фонд уыдзӕн 100 мин доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0