Цхинвал сдзуапп кодта Гуырдзыстоны ног президенты куырдиатӕн

© Sputnik / Наталья АйриянМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр загъта йӕ хъуыды Гуырдзыстоны ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ ног президенты куырдиаты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий загъта йӕ хъуыды Гуырдзыстоны ног президент Саломе Зурабишвилийы куырдиаты тыххӕй, кӕцы банысан кодта, зӕгъгӕ нырма Уӕрӕсеимӕ ныхасы рӕстӕг нӕу Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы уавӕры тыххӕй.

Медойты Дмитрий банысан кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ каст Саломе Зурабишвилийы ахӕм куырдиатмӕ.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг депутаттӕ нӕ фембӕлдысты Гуырдзыстоны делегациимӕ

"Ног президент равдыста йӕ ахаст куыд йӕ ныгуылӕйнаг ӕмбӕлттӕн, афтӕ Уӕрӕсейӕн дӕр. Проект "Гуырдзыстоны демократион ӕвзӕрстыты" спонсортӕн дӕр ацы куырдиат фенцондӕр кодта сӕ цард", радӕтта министры ныхӕстӕ ФХМ пресс-службӕ.

Афтӕ ма министр банысан кодта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны ног президент хъуамӕ цӕуа "оккупантты" ныхмӕ, фӕлӕ ма сын хъуамӕ уӕй кӕна йӕ базайрагтӕ дӕр.

Медойты Дмитрий ма бахахх кодта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны оккупацигонд у адӕм нӕ, фӕлӕ хицауад.

"Ӕз ӕцӕгдӕр не мбарын, чи ис оккупацийы бын — Гуырдзыстоны адӕм, кӕнӕ гуырдзыстоны хицауад. Ӕвӕццӕгӕн, Гуырдзыстоны соккупаци кодтой хицауад. Ӕмӕ ацы уавӕр вӕййы алкӕцы политикон режимы рӕстӕджы дӕр", — фехъусын кодта министр.

Ног хабӕртты лентӕ
0