ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы æрбакæндзысты хъæууон амбулатори азы кæронмæ. Ног объекты медицинон лæггæдтæй пайда кæндзысты æввахс хъæуты цæрджытæ, къуыри æртæ хатты ам кусдзæн дохтыр, фехъусын кодта районы хистæр Бибылты Валерий йæ пресс-конференцийы рæстæджы.
Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты ацæугæ азæн хатдзæгтæ скодта Цхинвалы районы хистæр Бибылты Валерий.
"Ацы мæй официалон æгъдауæй бакæндзысты Арцеуы хъæуы центры ног цалцæг бæстыхайы мидæг амбулатори. Медицинон объекты лæггæдтæй пайда кӕндзысты Арцеуы администрацимæ хаугæ 8 хъæуы цæрджытæ, ацы цæрæн пунктты ис 201 хæдзары, цы ран цæры 454 адæймаджы", — загъта Бибылты Валерий.
Уый ма банысан кодта, ам къуыри æртæ бон кусдзæн дохтыр дæр.
"Амбулаторимæ дохтыр ссарыны проблема нын уыд, уымæн æмæ уырдæм æхсæнадон транспорт арæх нæ цæуы. Фæлæ аскъуыддзаг кодтам къуыри æртæ бон ам кусдзæн Громы цы дохтыр кусы, уый", — бафтыдта уый.