ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Цхинвалы бинонты, кӕцытӕ йӕм бадзырдтой баххуыс кӕнын балхӕнын инвалидон къаласкъӕтӕ.
Бибылты Анатолий балхӕдта инвалидон къаласкъӕ СЦП ӕмӕ Альцгеймеры низӕй рынчын13-аздзыд Хъӕцмӕзты Сандрайӕн, кӕцы цӕры Суворовы уынгыл.
Чызджы мад загъта бузныг президентӕн ӕмӕ банысан кодта, сывӕллонӕн нырӕй фӕстӕмӕ фадат кӕй уыдзӕн тезгъо кӕнынмӕ цӕуын.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Гӕззаты Симайы, кӕцы цӕры Цхинвалы Сталины уынгыл.
"Цалдӕр аз тох кӕнын онкологиимӕ. Бузныг хъусдарды тыххӕй мӕ куырдиатмӕ", - загъта уый.
Афтӕ ма президент балӕвар кодта инвалидон къаласкъӕ I къорды инвалид Ӕлборты Сосланӕн, кӕцы цӕры Консервон заводы поселочы. Раздӕр уый архайдта спорты, фӕлӕ уӕззау аварийы фӕстӕ йӕ бон цӕуын нал у.
Къаласкъӕтӕ балхӕдтой хӕрзаудӕн фонд "Аланийы иудзинад"-ы фӕрӕзтӕй, кӕцыйы иунӕг бындурӕвӕрӕг у Бибылты Анатолий куыд сӕрмагонд гоймаг. Президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕххуысхъуаг бинонтӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзысты.
"Абон, Инвалидты ӕхсӕнадӕмон бон, мах бабӕрӕг кодтам рынчын адӕмы, кӕцытӕ бахатыдысты махмӕ, цӕмӕй сын инвалидон къаласкъӕтӕ балхӕнӕм. Мах даддӕр дӕр нӕ хъус дарддзыстӕм ахӕм категори ӕмбӕстӕгтӕм. Уыдонӕн хъӕуы ӕххуыс кӕнын", - загъта президент.
Инвалидты ӕхсӕнадӕмон бон расидт ИНО Генералон Ассамблей 1992 азы 14 октябры ӕмӕ йӕ нысан кӕнынц ӕрвылаз 3 декабры.