Президент ӕрдзырдта "Газпром"-ы къухдариуӕгадимӕ хуссарирыстойнаг куыстуат ауӕй кӕныныл

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæ"Газпром".
Газпром. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта газифтонгады фарстытыл компанийы къухдариуӕгадимӕ

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ "Газпром"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерий Голубев ӕрдзырдтой "Газпром — Хуссар Ирыстон"-ы дарддӕры архайд ӕмӕ акциты ауӕй кӕныны фӕдыл УФ ӕмӕ РХИ хицауадты ӕхсӕн бадзырды мадзӕлтты нывӕзтыл.

УФ Федерацийы Советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Федерацийы совет сратификаци кодта Хуссар Ир ӕмӕ "Газпром"-ы ӕхсӕн бадзырд

Рабадты райдайӕны, Голубев банысан кодта, зӕгъгӕ, ауагътой стыр цӕттӕгӕнӕн куыст ӕмӕ алцыдӕр сарӕзтой бадзырд бафыссыны тыххӕй.

"Алексей Миллерӕн радзырдтой, цы куыст сарӕзтӕуыд, уый тыххӕй. Уый зӕрдӕмӕ фӕцыд нӕ куыст ӕмӕ нын загъта, цӕмӕй пайдаджын куыст бакӕнӕм ацы рабадты", загъта уый.

Бибылты Анатолий загъта бузныг кусӕгон къордӕн оперативон архайды тыххӕй.

"Нӕ фыццаг фембӕлды мах сарӕзтам документаци бацӕттӕ кӕныны график. Документацийы цӕттӕкӕнынад фӕуд кӕны. Хорз фӕстиуӕг уыдзӕн, куы бакӕнӕм документтимӕ куыст фыццаг кварталы ӕмӕ стӕй куы ахизӕм практикон архайдмӕ", — банысан кодта президент.

Мадзӕлтты нывӕндынц фӕуын 1 апрелы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта газифтонгады фарстытыл компанийы къухдариуӕгадимӕ
Совещание по вопросам газификации Южной Осетии  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта газифтонгады фарстытыл компанийы къухдариуӕгадимӕ

2015 азы РХИ хицауад сфидар кодта Хуссар Ирыстоны газифтонгады генералон схемӕ 2025 азмӕ, кӕцы сарӕзта "Газпром". Ацы схемӕмӕ гӕсгӕ газ бауадздзысты 190 цӕрӕн пунктмӕ ӕмӕ сараздзысты поселокты ӕхсӕн 528 километр газы хӕтӕл, поселокты мидӕг та 3473 километры. Ацы схемӕйы реализацийӕн рахицӕн кӕндзысты 2 миллиард сомы. Генералон схемӕмӕ гӕсгӕ 2025 азмӕ Хуссар Ирыстоны газы фӕлхас фӕфылдӕр уыдзӕн фондз хатт. Уымӕ гӕсгӕ "Дзуарыхъӕу-Цхинвал" газы хӕтӕлы куыстхъомдзинад фӕфылдӕр уыдзӕн 2025 азы 74 процентмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0