Черчесты Станиславы УФ спорты министрад банымадта хуыздӕр тренерыл

© Sputnik / Grigoriy Sisoev /  Ахизын медиабанкмæГлавный тренер сборной России по футболу Станислав Черчесов
Главный тренер сборной России по футболу Станислав Черчесов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы командӕйы ӕнтыстытӕ 2018 азы дунейы чемпионаты Черчесты Станиславы къухдариуӕгады бын сты иууыл бӕрзондӕр уӕрӕсейаг националон командӕйы историйы

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Мӕскуыйы 2018 азы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ацыд националон спортивон преми радтыны церемони. Номинаци "Уӕрӕсейы сӕрыстырдзинад" категори "Азы тренер"-ы, спорты министрады версимӕ гӕсгӕ, рамбылдта Уӕрӕсейы сӕйраг тренер футболӕй Черчесты Станислав, хъусын кӕны РИА Новости.

Черчесты Станислав загъта бузныг спорты министр Виталий Муткойӕн йе 'ххуысы тыххӕй, афтӕ ма командӕ ӕмӕ футбол уарзджытӕн дӕр.

"Мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм ӕрмӕстдӕр сӕрд (2018 аз). Фӕлӕ уый размӕ та организатортӕ ӕрхастой дунейы чемпионат Уӕрӕсемӕ, сорганизаци кодтой бӕрӕгбон. Бузныг спорты министрӕн, уый алыхатт дӕр лӕууыд мӕ фарсмӕ, Виталий Мутко куы нӕ уыдаит, уӕд дунейы чемпионатмӕ командӕйы тренер нал уыдаин. Нӕ фанаттӕ нӕ цырын кодтой, бузныг командӕйӕн, ахӕм командӕ мӕ зӕрдӕ уарзы алкӕмӕндӕр", — загъта Черчесты Станислав.

Уӕрӕсейы командӕйы ӕнтыстытӕ 2018 азы дунейы чемпионаты Черчесты Станиславы къухдариуӕгады бын сты иууыл бӕрзондӕр уӕрӕсейаг националон командӕйы историйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0