Россотрудничествойы хистӕр Хуссар Иры раарфӕ кодта Мӕскуыйы олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕн

© Пресс-служба РЦНК в ЦхинвалеРоссотрудничествойы хистӕр Хуссар Иры раарфӕ кодта Мӕскуыйы олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕн
Россотрудничествойы хистӕр Хуссар Иры раарфӕ кодта Мӕскуыйы олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ архайдтой Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы уырыссаг ӕвзагӕй

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik. Цхинвайлаг гимнази "Альбион"-ы скъоладзаутӕ Цхуырбаты Мария ӕмӕ Гӕджиты Елена ссисты XVI Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы призертӕ уырыссаг ӕвзагӕй фӕсарӕйнаг сколадзаутӕн. Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов раарфӕ кодта ахуырдзаутӕн сӕ уӕлахизы тыххӕй, хъусын кӕны Цхинвалы Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры пресс-службӕ.

"Абсолютон уӕлахиздзауты номхыгъдмӕ бацыд Цхуырбаты Мария, кӕцы цӕуы уырыссаг ӕвзаджы курстӕм Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центрмӕ, Гӕджиты Елена та рамбылдта номинаци "бӕстӕзонады хуыздӕр дзуаппы тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйагӕй олимпиадӕйы финалмӕ ахызтысты 130 хайадисӕджы 30 бӕстӕйӕ. Ӕрвылазон олимпиадӕ уадзы Александр Пушкины номыл Паддзахадон университет УФ Рухсады министрад ӕмӕ Россотрудничествойы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0