Медойты Дмитрий Хуссар Иры банымайыны тыххӕй: фарст кӕддӕриддӕр у актуалон

© Sputnik / Наталья АйриянИрон тырыса
Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйӕн цӕдисонтӕ агурыны куыст адарддӕр уыдзӕн ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн хорз фӕстиуджытӕ, банысан кодта министр

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстон ӕмӕ йе 'мбӕлтты ныхмӕархайдмӕ нӕкӕсгӕйӕ, Хуссар Ирыстон дарддӕр дӕр кусдзӕн, цӕмӕй республикӕйы хӕдбардзинад банымайой, загъта журналисттӕн фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий.

Сириаг тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сири банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

Дыццӕджы Цхинвалы йӕ пресс-конференцийы министр хатдзӕгтӕ скодта уагдоны куыстӕн 2018 азы ӕмӕ сдзуапп кодта ДИФ фарстытӕн.

"Мах агурдзыстӕм цӕдисонты. Ацы фадыджы дарддӕр дӕр кусдзыстӕм, Гуырдзыстон ӕмӕ йе мбӕлтты ныхмӕархайдмӕ нӕкӕсгӕйӕ. Уый нын ӕнӕмӕнг ӕрхӕсдзӕн фӕстиуджытӕ", — загъта Медойты Дмитрий.

Министр бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы фарст кӕддӕриддӕр у актуалон.

Ацы аз майы Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ бафыстой цалдӕр бадзырд ӕмӕ сбӕрӕг кодтой ӕмархайды къахдзӕфтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0