ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) фехъусын кодта дизелон мотоблок адавыны тыххӕй республикӕйы Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы иу хӕдзарӕй.
Цау ӕрцыд 9 декабры ӕхсӕвы.
"Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ криминалон милицийы кусджытӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмӕ ӕрцахсой гоймӕгты, кӕцытӕ адавтой дизелон мотоблок Цхинвалы районы Монастъеры хъӕуы цӕрӕджы хӕдзарӕй", — дзырдӕуы МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, басгӕрст кӕй уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад.