Цхинвалы ӕрдзырдтой Хуссар Иры амалиуӕгадты куыстыл

© Sputnik / Наталья АйриянКонсервон завод
Консервон завод - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Растдон", "Коро" ("Винченцо"), "Ирыстоны Дӕргъдӕттӕ", "Натурплант" ӕмӕ "Ир Базальт" куыстуатты минӕвӕрттӕ хыгъдлӕвӕрд радтой сӕ куысты тыххӕй республикӕйы хицауадӕн

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ РХИ ӕмгуыстады фӕдыл Уӕрӕсейы президенты хайады хистӕры хӕдивӕг Денис Травин ӕрдзырдтой экономикӕйы проектты реализацийыл рабадты, кӕцыйы хайад истой "Растдон", "Коро" ("Винченцо"), "Ирыстоны Дӕргъдӕттӕ", "Натурплант" ӕмӕ "Ир Базальт" куыстуӕтты минӕвӕрттӕ.

Гобозты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæййаг бизнес Знауыры: "базырджын" продукт æмæ урсаджы рауагъдад

Рабадты рӕстӕджы экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий банысан кодта, кӕцыдӕр куыстуаттӕн кӕй фӕзынд хӕстӕ паддзахадон бюджет ӕмӕ кредиторты раз, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Министр банхъардта инвестицион проектты разамонджытӕн бавдисын республикӕйы экономикӕйы министрадмӕ куыстуатты райрӕзты проект ӕмӕ финансон модель.

"Мах цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын сымахӕн алы фарсты дӕр, фӕлӕ уал хъуамӕ фенӕм финансон хӕсисттӕ ӕмӕ куыстуатты дардӕры райрӕзты фӕндагон картӕтӕ", — загъта Бекъойты Геннадий.

Травин дӕр загъта, цӕттӕ кӕй у баххуыс кӕнын инвестицион проекттӕн.

"Экономикӕйы ӕцӕг секторы райрӕзт ахсджиаг у Хуссар Ирыстонӕн, уый фӕдыл ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕххуысмӕ Уӕрӕсейӕ. Проектты релизаци хъуамӕ ма ӕрлӕууа", — бахахх кодта уый.

Рабадты банысан кодтой, "Ирыстоны Дӕргъдӕттӕ" нырма кӕй не скуыстой проектон хъомыстыл. Дыргъдоны арӕзтад 2016 азы фӕззӕгӕй 2017 уалдзӕгмӕ кӕй рахастой, уый тыххӕй халсарты ӕвӕрӕны арӕзтады ӕмгъуыд фӕивта.

Бибылты Валерийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы районы 2018 аз: Бырондоны хъысмæт, сæндæттæ æмæ дыргъдæттæ

Фыдызгъӕлы завод "Растдон" дӕр нырма нӕ кусы ӕмбӕлгӕ бӕрцуатыл, ахӕм уавӕры ис кафе "Винченцо" дӕр, кӕцы стабилон куыст кӕны.

"Цӕлхдуртӕ нӕй "Натурплант" проекты реализацийӕн, кӕцы уадздзӕн минералон дон хӕххон суадонӕй, афтӕ ма заводы арӕзтадӕн, кӕцы араздзӕн базальты таг", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты рӕстӕджы фехъусын кодтой, инвестицион проектты реализаци кӕй раттдзӕн 200 куыстбынаты.

Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта, куыстуатты разамонджытӕ фылдӕр кӕй хъуамӕ кусой республикӕйы хицауадимӕ ӕмӕ хъахъхъӕной сӕ интерестӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0