00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
60 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Офицер США предложил Вашингтону приобрести у России Командорские острова
09:14
0 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главноые темы
12:00
3 Мин
Главноые темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
17:57
2 Мин
Утро на Спутнике
Что изменит признание Палестины странами Запада
09:04
0 Мин
Утро на Спутнике
Осторожно, жара! Как помочь себе и своим близким
09:05
18 Мин
Утро на Спутнике
Экс-чемпион Дрозд о бое Гассиев-Вавжик
09:35
9 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Аваритӕ, пиротехникӕ ӕмӕ хъӕд цӕгъдын: Хуссар Иры ӕрдзырдтой МХМ куыстыл

© МВД РЮОМидхъуыддӕты министрад
Мидхъуыддӕты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхстытӕ кусджытӕн, афтӕ ма байхъуыста ивгъуыд къуырийы куысты фӕдыл докладтӕм

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ауагъта оперативон рабадт уагдоны разамонджытимӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Рабадты бавдыстой докладтӕ ивгъуыд къуырийы куысты тыххӕй, афтӕ ма ӕркастысты МХМ оперативон-службӕйон архайды фарстытӕм.

Ноджы ма рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фарстытыл. МХМ сӕргълӕууӕг банысан кодта, кӕй хъӕуы фӕтыхджындӕр кӕнын фӕндӕгтыл ӕдасдзинады мадзӕлттӕ. Наниты Игорь бахӕс кодта Паддзахадон автоинспекцийы хистӕрӕн ауадзын фӕндӕгтыл уавӕры лӕмбынӕг анализ, цӕмӕй аиуварс кӕна фӕндагон-транспортон цауты (ФТЦ аххосӕгтӕ.

"Профилактикон куыстмӕ хъӕуы здӕхын фылдӕр хъусдард. Хъӕуы саразын алцыдӕр, цӕмӕй авариты нымӕц фӕкъаддӕр уа", загъта Наниты Игорь.

Ивгъуыд къуыри республикӕйы ӕрцыд 5 ФТЦ, афтӕ ма ис проблемӕ шофыртимӕ, кӕцытӕ скъӕрынц хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.

Уагдоны сӕргълӕууӕг ма ӕрдзырдта пиротехникӕйы ӕнӕзаконон реализаци ӕмӕ бӕлӕсты ӕнӕзаконон ракалыны тыххӕй.

"Хъӕуы бамбарын кӕнын амалиуӕггӕнджытӕн, Хуссар Ирыстоны территоримӕ пиротехникӕ ласыны бар кӕй нӕй. Пиротехникӕ ӕлхӕнынц сывӕллӕттӕ, ӕмӕ уыдон та нӕ хъуыды кӕнынц сӕ ӕдасдзинадыл. Ӕдасдзинадыл хъуамӕ хъуыды кӕной хистӕртӕ. Ахӕм базайрӕгтӕй пайда кӕнын гӕнӕн ис ӕрхӕсса ӕвзӕр фӕстиуджытӕ", — загъта мидхъуыддӕгты министр.

Ахмӕ фӕдзӕхсттӕ министр радта уагдоны къухдариуӕгадӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0