Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта республикӕйы уагдӕтты сӕргълӕуджыты

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий радта майдантӕ республикӕйы уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ кусджытӕн
Бибылты Анатолий радта майдантӕ республикӕйы уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон хорзӕхтӕ райстой республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта майдантӕ "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" республикӕйы уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ кусджытӕн. Сӕйраджыдӕр, хорзӕхтӕ райстой кусджытӕ, кӕцытӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, фехъусын кодта президенты пресс-службӕ.

Деметы Ясон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры консулӕн Дард Скӕсӕны радтой УФ Кады Орден

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, кӕй хъӕуы рахицӕн кӕнын республикӕйы къухдариуӕгады сгуыхтдзинӕдтӕ, кӕцыты фӕрцы цӕуы ӕрвылбонон куыст.

"Хъӕуы рахицӕн кӕнын уӕ сгуыхтдзинӕдтӕ. Сымах къухдариуӕгад кӕнут уӕ организациты куыст, ӕххӕст кӕнут хӕслӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ ӕвӕрынц республикӕйы къухдариуӕгады раз адӕм. Мӕ цӕст уын уарзы дарддӕры ӕнтыстытӕ, кӕцытӕ здӕхт уыдзысты Хуссар Ирыстоны алкӕцы цӕрӕджы хӕрзӕбонмӕ", - загъта президент.

Хорзӕхтӕ радтой Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрикӕн, парламенты спикер Гасситы Петрӕн, ӕдасдзинады советы секретарь Уалыты Валерийӕн, хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагимӕн ӕмӕ контролон-нымайӕн палатӕйы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Геннадийӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0