ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ ахуырады министрӕдты сӕргълӕуджытӕ Гасситы Натали ӕмӕ Тотчиты Георгий ӕрдзырдтой Цхинвалы медицинон персоналы куысты организацийы фарстытыл скъолаты, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.
Дыууӕ уагдоны иумӕйаг кусӕгон рабадты рӕстӕджы хайад райстой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министры хӕдивӕг Цоциты Алла, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь, медицинон организациты сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ дыууӕ министрады специалисттӕ.
"Сӕйраджыдӕр, ныхас кодтой скъоладзауты ӕхсӕн профилактикӕйыл, иммунопрофилактикӕ, туберкулезы профилактикӕ ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл. Афтӕ ма ӕрдзырдтой медицинон персонал ӕмӕ ахуыргӕнджыты коллективы бӕрныл скъолайы медицинӕйы организацийы тыххӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Амӕйразмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны кӕй фӕцис цӕрджыты вакцинаци гриппы ныхмӕ.