Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы зӕйтӕ рцӕуыны тӕссагдзинадӕй хӕхты

© Sputnik / Овчинников /  Ахизын медиабанкмæЗӕй
Зӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон бафӕдзӕхста цӕрджыты ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕмӕ ма цӕуын зӕйтӕй тӕссаг районтӕм

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад къуырисӕры апарахат кодта хъусинаг республикӕйы хӕххон районты зӕйты ӕрцӕуыны тыххӕй.

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологон ӕмӕ мониторингы центры информацимӕ гӕсгӕ 17 декабры 18.00 сахатӕй дыццӕджы изӕрмӕ республикӕйы 1500 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты у тӕссаг зӕйтӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ, ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйты тыххӕй тобӕ сӕвӕрдтой Транскамы уылты змӕлдыл, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы. Автотранспорты змӕлд ногӕй райдыдта сабаты изӕры, фӕндагон кусджытӕ куы ссыгъдӕг кодтой магистраль, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0