Бибылты Анатолий райста Ленингоры районы хистӕры отставкӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХацырты Филипп
Хацырты Филипп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы раздӕры сӕрдарӕн ратдзысты ӕндӕр бынат паддзахадон службӕйы системӕйы, банысан кодта президент Хацырты Филиппимӕ фембӕлдыл

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий райста Ленингоры районы администрацийы сӕргълӕууӕг Хацырты Филиппы отставкӕ, хъусын кӕны къуырисӕры паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий фембӕлд районы администрацийы раздӕры сӕрдаримӕ. Президент банысан кодта Хацырты Филиппы сгуыхтдзинӕдтӕ, афтӕ ма радзырдта йӕ архайды тыххӕй фидауынгӕнӕн тыхты, йӕ патриотизмы тыххӕй Хуссар Ирыстонӕн уӕззау ӕзты.

"Алыхатт дӕр хъахъхъӕдтай Республикӕ Хуссар Ирыстоны интерестӕ. Ленингоры районы сӕрдары бынаты ды сарӕзтай бирӕ: сывӕллӕтты хоскӕныны лагерь, донифтонгады хӕтӕл, ног спортзал Цъинагары. Бирӕ мадзӕлттӕ, кӕцытӕ ды сӕххӕст кодтай. Фӕлӕ бадӕттай куырдиат отставкӕйы тыххӕй, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон нӕу ма райсын", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта, Хацырты Филиппӕн кӕй ратдзысты ӕндӕр бынат паддзахадон службӕйы системӕйы.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы фӕхуыздӕр кӕндзысты медицинон ӕххуыс

Хацырты Филипп загъта бузныг президентӕн ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕндзысты проекттӕ, кӕцытӕ райдыдтой йӕ рӕстӕджы.

"Фӕнды мӕ бахахх кӕнын, районы райрӕзтӕн кӕй ис перспективӕтӕ — кондады сцалцӕг, куыстбынӕтты арӕзтад. Ахсджиаг у инфраструктурӕйы дарддӕры райрӕзт", — загъта уый.

Бибылты Анатолий загъта Хацырты Филиппӕн бузныг йӕ куыст ӕмӕ хорз ахасты тыххӕй районмӕ. Президент банысан кодта, проекттӕ иууылдӕр кӕй среализаци кӕндзысты Ленингоры районы.

Ног хабӕртты лентӕ
0