ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik. Ног къуырийӕ Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхтӕм райдайдзӕн радон ӕрсидт, хъусын кӕны республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
"Ӕфсӕддон комиссартӕ ауагътой развӕлгъау куыст ӕрсидты кары ӕмбӕстӕгтимӕ – ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Амӕйразмӕ хъахъхъӕнынады министр инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим бахӕс кодта ӕфсӕддон комиссартӕн сӕ хъус ӕрдарын ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ сӕхи аиуварс кодтой ӕфсӕддон службӕйӕ. Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны президенты барамындмӕ гӕсгӕ, нӕй гӕнӕн исын паддзахадон службӕмӕ нӕлгоймӕгты, кӕцытӕ нӕ цыдысты ӕфсӕддон службӕ гарзджын тыхты.
"Хъӕуы бахӕццӕ кӕнын ногӕрсиддонтӕм ацы информаци, афтӕ ма ауадзын семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас ӕмӕ сын радзурын, куыд ахсджиаг у алкӕцы ӕвзонг лӕппуйӕн дӕр ацӕуын хъӕбатырдзинады скъола ӕфсады", — загъта Гассеты Ибрагим.
Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ сӕхи иуварс кӕнынц ӕфсӕддон службӕйӕ, ӕрбаздахдзысты административон, кӕнӕ уголовон бӕрнмӕ.