Sputnik та ацы аз дӕр уадзы акци "Хӕлардзинады наз"

© Sputnik / Аида ГагиеваSputnik та ацы аз дӕр уадзы акци "Хӕлардзинады наз"
Sputnik та ацы аз дӕр уадзы акци Хӕлардзинады наз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik баивта проект "Хӕлардзинады наз"-ы хайад исыны фӕтктӕ: райс Sputnik ногазон тымбылӕг сывӕллоны ном ӕмӕ мыггагимӕ кафе Vincenzo-йы ӕмӕ йын сараз ногазон лӕвар

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон ногӕй уадзы хӕрзаудӕн проект "Хӕлардзинады наз". Проектмӕ гӕсгӕ, алкӕмӕн дӕр фадат ис хайад райсын акцийы ӕмӕ саразын ногазон лӕвар ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕн.

Кремлы Галуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кремльмæ балцæг: хуссарирыстойнаг ахуырдзаутæ ацæудзысты Мæскуыйы наз бæласмæ

Уый тыххӕй хъӕуы барвитын хъусинаг Facebook, кӕнӕ Instagram-ы нӕ официалон фарсмӕ ӕмӕ равзарын Sputnik ногазон тымбылӕг сывӕллоны ном ӕмӕ мыггагимӕ кафе Vincenzo-йы.

Лӕвар ӕрбахӕссын хъӕуы Sputnik Хуссар Ирыстоны редакцимӕ (Мӕскуыйаг уынг, 5), кӕнӕ та йӕ ныууадзын исӕн пункты кафейы 28 декабрьмӕ. Лӕвӕрттӕ иууылдӕр ратдзысты сывӕллӕттӕн ногазон бӕрӕгбӕтты размӕ, мадзалмӕ фӕхондзысты акцийы хайадисджыты.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0