ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникы балцы рӕстӕджы бафысдзысты ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд хуссарирыстойнаг республикӕйы президент Бибылты Анатолиимӕ.
Пасечник ӕрцыд Цхинвалмӕ 17 декабры, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.
"Балцы рӕстӕджы нывӕндынц бафыссын Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырд", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Паддзахадты сӕргълӕуджытӕ фембӕлдзысты абон Хуссар Ирыстоны столицӕйы. Баныхасы рӕстӕджы РХИ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ ЛАР сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник ӕрдзурдзысты дыууӕварсон ахастыты фарстытыл.
Республикӕйы ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафысдзысты ӕртыццӕджы, 19 декабры.
Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.