Бибылты Анатолий Хуссар Иры чекисттӕн: ӕвдыстат хъӕбатырдзинад ӕмӕ патриотизм

Рафыссын
Президент раарфӕ кодта паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады органтӕ ӕххӕст кӕнынц бӕстӕйы националон ӕдасдзинады ахсджиаг куыст, хъахъхъӕнынц паддзахадон интерестӕ, дзырдӕуы республикӕйы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы РХИ паддзахадон ӕдасдзинады органты кусӕджы боны цытӕн.

"Оперативон уавӕры архайгӕйӕ, паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджытӕ алыхатт дӕр сты фыццаг бынатыл фыдракӕндтимӕ тохы, хъахъхъӕнынц республикӕйы сабырад, ӕххӕст кӕнынц ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад. Нӕ адӕмӕн уӕззау ӕзты паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджытӕ хъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ ӕмӕ равдыстой хъӕбатырдзинад, патриотизм ӕмӕ хъайтардзинад", — хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Сӕрмагонд бузныг Бибылты Анатолий загъта Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы арӕнгӕрон хайады къухдариуӕгад ӕмӕ кусджытӕн, кӕцытӕ Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕимӕ иумӕ бахастой стыр хайбавӕрд республикӕйы сабырдзинад бавӕрынмӕ.

"Хуссар Ирыстоны адӕмы хъуыдыйы алыхатт дӕр уыдзысты хъайтарты нӕмттӕ, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой бӕстӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад" — дзырдӕуы арфӕйы.

Президенты цӕст бауарзта паддзахадон ӕдасдзинады кусджытӕн фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ сӕ профессионалон архайды, сӕ хиуӕттӕн та сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0