Хуссар Иры делегаци хайад райста зонадон конференцийы Мӕскуыйы

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæУФ Уӕлдӕр тӕрхондоны бӕстыхай, Мӕскуы
УФ Уӕлдӕр тӕрхондоны бӕстыхай, Мӕскуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар ралӕууыд мадзалы докладимӕ дыууӕ бӕстӕйы закондӕттынады гармонизацийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста ӕппӕтуӕрӕсейон тымбыл фынджы, кӕцы ацыд Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлдӕр тӕрхондоны Мӕскуыйы, хъусын кӕны РХИ минӕварады пресс-службӕ. Зонадон конференцийы темӕ уыд Уӕрӕсейы Федерацийы конституцийыл "25 азы сӕххӕст ӕмӕ конституцион закондӕттынады райрӕзты сӕйраг здӕхттӕ".

Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тӕрхонгӕнджытӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы

Тымбыл фынгыл ӕрдзырдтой закондӕттынады фарстытыл.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ республикӕйы уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся, кӕцы ралӕууыд докладимӕ "Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны закондӕттынады гармонизацийы фарстытӕ".

Афтӕ ма зонадон-практикон мадзалы хайад райстой Паддзахадон думӕйы депутаттӕ, УФ юстицийы министрад, Уӕлдӕр тӕрхондон, генералон прокуратурӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы субъектты закондӕттӕн органты минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0