Путины пресс-конференцийы размӕ журналистты суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй

© Sputnik / Алексей КовалевИрон уӕлибыхтӕ
Ирон уӕлибыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыккаг аз фӕд-фӕдыл хӕринагаразӕг цӕттӕ кӕны ирон уӕлибыхтӕ - ӕндӕр бӕстӕты ӕмбӕстӕгты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ацы хӕринаг

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Журналистты суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй УФ президент Владимир Путины ӕрвылазон пресс-конференцийы размӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регионы уацхӕссӕг.

Уӕлибых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлибыхтӕ бахаудтой туристты уарзондӕр хӕринӕгты номхыгъдмӕ

"Дыккаг аз фӕд-фӕдыл нӕ хӕринагаразӕг цӕттӕ кӕны ирон уӕлибыхтӕ. Ӕндӕр бӕстӕты ӕмбӕстӕгты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ацы хӕринаг. Нӕ хӕринагаразӕг ахуыр кӕны дунейы алыгъуызон къӕбицтӕ ӕмӕ дзы бафтауы ингредиенттӕ, цӕмӕй уӕлибых хӕрзаддӕр уа", — банысан кодта ӕхсӕнадӕмон базарады центры менеджер.

Владимир Путины традицион ӕрвылазон пресс-конференцийыл ацы аз ӕрӕмбырд сты бирӕ журналисттӕ: мадзалы аккредитаци райстой ӕппӕт дунейы ДИФ-ты 1,7 мин минӕвары.

Ног хабӕртты лентӕ
0