Традицитӕ ӕнусты
Ног аз у Уӕрӕсейы сӕйраг бӕрӕгбӕттӕй иу, нысан кӕнын ӕй райдыдтой рагон заманы. 1700 азмӕ ног аз нысан кодтой нырма марты райдайӕны, XV ӕнусӕй фӕстӕмӕ та 1 сентябры. Фыццаг уӕрӕсейаг император, Петр I, бакодта ног ӕзты нымад, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн 7208 аз ссис 1699 аз. Афтӕ ма Петр бахӕс кодта нысан кӕнын Ног аз куыд Европӕйы, 1 январы, сфӕлындын назтӕ ӕмӕ Мӕскуыйы сӕйраг уынгтӕ. Афтӕмӕй назы бӕлас ссис дыууӕ бӕрӕгбоны символ — Цыппурс ӕмӕ Ног азы.
Монархи аиуварс кӕныны фӕстӕ 1917 Цыппурс ӕмӕ Ног аз нал нысан кодтой — куыд раздӕры заманы символ. Раттын адӕмӕн сӕ уарзон бӕрӕгбон аскъуыддзаг кодтой Сталины рӕстӕджы 1935 азы. 1947 азы 1 январь ссис улӕфты бон, 1969-1970 ӕзты паддзахады сӕргълӕууӕг райдыдта арфӕ кӕнын адӕмӕн ног азы ӕрбалӕууыны цытӕн.
Советон дуджы Мӕскуыйы уынгтыл фӕзындысты назтӕ, Митын Дадайы стыр фигурӕтӕ, бӕрӕгбонон транспаранттӕ. Афтӕ ма иу горӕты бакодтой ногазон армукъатӕ.
ССРЦ заманы фӕстӕ дӕр традици баззад, горӕт-иу срӕсугъд кодтой цыппурс ӕмӕ ног азмӕ. Фӕлӕ фӕстаг цалдӕ аз уый ацӕуы сӕрмагонд сценаримӕ гӕсгӕ.
2012 азӕй фӕстӕмӕ уӕрӕсейаг столицӕйы саразынц комфортон ӕхсӕнадӕмон фӕзуаттӕ ӕмбӕстӕгтӕн ӕмӕ туристтӕн ӕхсӕнадӕмон стандарттӕм гӕсгӕ. Фӕсарйӕнаг уазджытӕ арӕх фӕдзурынц, Мӕскуы кӕй фӕивта хорзырдӕм.
Дизайн стыр горӕты
2012 азы Мӕскуыйы фӕзындысты ног уынгтӕ фистӕг бӕлццӕттӕн — Камергерон ӕмӕ Столишниковы уынгтӕ, Кузнецты Хид. Горӕты ногазон арӕзтады иугонд концепци рацыд 2013-2014 азмӕ.
Афтӕ ма столицӕйы культурӕйы департаменты барамындмӕ гӕсгӕ бӕрӕгбонон фӕлгонц сарызыны хайад райдыдта исын зындгонд уӕрӕсейаг дизайнер Артемия Лебедева, кӕцы сарӕзта ногазон логотип, паттерн, виньеткӕтӕ.
Ног фистӕгон зонӕтӕ, афтӕ ма бульвартӕ ӕмӕ сквертӕ срӕсугъд кодтой декоративон элементтӕй ӕмӕ рухсы фигурӕтӕй. Иумӕйагӕй Мӕскуыйы сӕвӕрдтой 12 мин рухсы бӕрӕгбонон объекты. Уынгтыл фӕзындысты рухсы конструкцитӕ "Стъалыджын арв" ӕмӕ рухсы бӕлӕстӕ.
Рухсыты серпантин
2014-2015 азы столицӕ сфӕлындынӕн сарӕзтой тематикон концепци "Рухсыты серпантин". Фистӕгон уынгтыл сарӕзтой оригиналон рухсы конструкцитӕ.
Горӕты сӕвӕрдтой иу мин ногазон назы, кӕцыты ӕхсӕн уыдысты традицион бӕлӕстӕ ӕмӕ ныры ӕрмӕджытӕй арӕзт варианттӕ.
Столицӕйы сӕйраг фӕзуаттӕ — Смоленскы, Зубовскы, Павелецкы, Серпуховскы, Таганскы ӕмӕ ӕндӕртӕ — сфӕлындысты ӕмхуызон бӕрзӕнды назтӕй, фӕлӕ алкӕмӕндӕр дзы уыд сӕрмагонд дизайн.
Ног аз ӕмӕ Цыппурсы традицион фӕлындынтӕ баххӕст кодтой фӕлгонцтӕ, кӕцытӕ нывонд уыдысты "Уырыссаг литературӕйы азӕн".
Посты маркӕ
2015-2016 азы столицӕйы сӕйраг ногазон фӕлындын ссис посты маркӕ.
Афтӕ ма фӕзуаттыл ӕмӕ фистӕгон уынгтыл фӕзындысты декоративон конструкцитӕ, стыр назы тымбылӕгтӕ, рухсы фонтантӕ. Ацы элементты иууылдӕр иу кодта темӕ "Ногазон зӕрдӕйы уаг", кӕцыйы символ уыд посты маркӕ.
Ахӕм стилы сфӕлындын кодтой бӕстӕйы сӕйраг дуканитӕй иу — ГУМ, кӕцы ис Сырх фӕзуатыл.
Хӕларад Италиимӕ
2017 азы Мӕскуы сфӕлындысты италиаг стилы. Сӕйраг мотивтӕ уыдысты италиаг орнаменттӕ, кӕцытӕй сарӕзтой 2017 азы логотип, афтӕ ма уыдонӕй пайда кодтой горӕты рухсы конструкциты.
Столицӕйы бӕрӕгбонон фӕлындыны ахсджиаг фӕлгонц уыд рухсы конструкцитӕ: стыр тымбылӕгтӕ, рухсы фонтантӕ.
"Балц Цыппурсмӕ" Фестивалы фӕлгӕтты ногазон иллюминаци рауад ирд ӕмӕ рӕсугъд. Мӕскуыйӕгт сӕхӕдӕг, кӕцытӕ сахуыр сты горӕты ногазон рӕсугъдзинадыл, дис кодтой уынгты тезгъо гӕнгӕйӕ.
Нӕ цард иууылдӕр у театр
2017-2018 азы бӕрӕгбӕттӕн равзӕрстой театралон тематикӕ. Уый фӕдыл уынгтыл фӕзындысты театралон ӕрмӕджытӕ. Горӕт фестад ирд театр гом арвы бын.
"Балц Цыппурсмӕ" Фестиваль ауадзыны тыххӕй 31 декабрьӕй 3 январмӕ ӕрӕхгӕдтой столицӕйы цалдӕр уынджы.
Фестивалы ауагътой алыгъуызон равдысттӕ, се хсӕн спектакльтӕ дӕр. Уазджытӕн уыдис фадат азарын, акафын, сисын нывтӕ инсталляциты цур.
Универсалон фӕстауӕрц
Ногазон фӕлындынтӕ иууылдӕр нӕ саразынц алкӕцы азӕн, сӕ фылдӕрӕй сын пайда кӕнынц бирӕ хӕттыты.
Егъау объекттӕй бирӕ хатт пайда кодтой рухсы аркӕтӕй, кӕцытӕ ис гӕнӕн фенын Пушкины ӕмӕ Тверскаяйы фӕзуаттыл, афтӕ ма Революцийы фӕзуатыл дӕр, Камергерон ӕмӕ Газетон фӕрсуынгтыл.
Иууыл тынгдӕр столицӕйы уазджыты зӕрдӕмӕ фӕцыдысты рухсы конструкцитӕ "Стъалыджын арв" Стыр Дмитровкӕ ӕмӕ Никольскы уынгтыл ӕмӕ рухсы бӕлӕстӕ.
Алыгъуызон фӕлындынтӕ
Мӕскуыйы ногазон ӕмӕ цыппурсы бӕрӕгбӕттӕм ауадзынц алыгъуызон армукъатӕ дӕр. Традицион ссисты армукъатӕ Манеж ӕмӕ Сырх фӕзуатыл.
Ацы базартыл вӕййы бирӕ хирхӕфсынтӕ дӕр. Афтӕ ма Сырх фӕзуатыл саразынц ихылбырӕн фӕз.
Саразынц ногазон базартӕ ӕмӕ армукъатӕ фистӕгон уынгтыл дӕр. ВДНХ, Сокольник ӕмӕ Горькийы паркты та сӕвӕрынц иууыл стырдӕр ихылбырӕн фӕзтӕ. Горӕты ивындзинӕдты руаджы Мӕскуы ссис популярон дӕр туристтӕн — куыд мидӕггагон, афтӕ фӕсарӕйнӕгтӕ дӕр. Бирӕ туристтӕ банысан кодтой, уӕрӕсейаг столицӕ кӕй фӕивта ӕмӕ ссис комфортон дӕр, фӕсарӕйнӕгтӕ йӕ арӕх равзарынц, цӕмӕй дзы банысан кӕной ног аз.