"Бесплатные кудри": Цхинвалы æрбакæндзысты æнæаргъ  æлвынæндoн

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы æрбакæндзысты æнæаргъ  æлвынæндoн
Цхинвалы æрбакæндзысты æнæаргъ  æлвынæндoн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект æххæст æрцæудзæн 2019 азы фæсивæдон форумы фæрæзтæй

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) фæндзæм юридикон факультеты студент Габатты Альберты проектмæ гæсгæ Цхинвалы фæзындзæн æххуысхъуаг адæмæн социалон æлвынæндoн "Бесплатные кудри". Фæнд æххæст цæуы уæрæсейаг фæссивæдон форумы грантон фæрæзтæй, загъта Sputnik Габатты Альберт. 

Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Таврида"-йы хæрзиуæг: Цхинвалы фæзындзæн национ инструментты æрмадз

"Уæрæсейаг форумы æнæаргъ æлвынæндoн "Бесплатные кудри" бакæныны проект саразындзинад райста 2018 азы, фæлæ йæ гæххæтытæ нывыл арæзт неʻрцыдысты, уымæ гæсгæ скусдзæн æрбалæугæ азы. Социалон нысаны объект æнæаргъæй лæггад кæндзæн æххуысхъуаг адæмæн — интернатты æмæ сывæллæтты хъæдзары хъомылгæнинæгтæн, сидзæр сывæллæттæн æмæ ветерантæн", — загъта проекты автор.

2019 азы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет цы фæсивæд арвыста форумтæм, уыдонæй æртæйæ бахъахъхъæдтой проекттæ æмæ æрхастой грантон фæрæзтæ Ирыстонмæ. Уыдон архайды фæрцы Цхинвалы æрбалæугæ аз фæзындзæн IT-скъола, ирон национ музыкалон инструменты лаборатории "SYRDON" æмæ социалон æлвынæндoн "Бесплатные кудри".

Сæ аразджытæ сты ХИПУ студентæ – Гаглойты Алан, Тедеты Азæмæт æмæ Габатты Альберт.

© Sputnik / Фатима ПлиеваФæсивæдон форумты архайджытæ
Круглый стол в медиа-центре Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæсивæдон форумты архайджытæ
Ног хабӕртты лентӕ
0